Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы модернизацийыл

Рафыссын
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тотчиты Георгий радзырдта, куыд цӕуы республикӕйы медицинон организациты централизаци

ЦХИНВАЛ, 7 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады ӕрдзырдтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйы модернизацийы фарстытыл, хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ.

ӔХМ ӕрдзырдтой, цы нӕ фаг кӕны Хуссар Иры медицинон ӕххуыс ӕххӕст кӕнынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
ӔХМ ӕрдзырдтой, цы нӕ фаг кӕны Хуссар Иры медицинон ӕххуыс ӕххӕст кӕнынӕн

Фыццӕгӕм августӕй бахастой ивындзинӕдтӕ хицауады уынаффӕмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ горӕттӕ ӕмӕ районты медицинон ӕмӕ социалон уагдӕтты ракодтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады юрисдикцимӕ. Уый размӕ уыдон уыдысты бынӕттон администрациты къухдариуӕгады бын. Республикӕйы президент бахӕс кодта фӕуын уагдоны структурӕйы реорганизацийы цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ 15 октябры онг.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тотчиты Георгий куыд фехъусын кодта, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ барадон документации ныридӕгӕн у цӕттӕ.

Премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий банысан кодта, уагдоны централизаци кӕй сараздзӕн ӕмбӕлон уавӕртӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн.

"Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады модернизаци ууыл нӕ фӕуыдзӕн, махмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы дарддӕры куыст кадрон потенциалы райрӕзты фӕдыл, афтӕ ма материалон-техникон ӕмӕ хостӕй ифтонгад фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл", - бахахх кодта Бекъойты Геннадий.

Хицауады документмӕ гӕсгӕ, 2020 азы 1 ноябрӕй ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады дӕлбар рахиздзысты централон районон рынчындӕттӕ, дохтырты амбулаторитӕ, медикон-санитарон хайадтӕ ӕмӕ фельдшерон-акушерон пункттӕ, афтӕ ма ӕндӕр уагдӕттӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0