Хорз уавæртæ æмæ кусджытæ: Хуссар Иры хъалонон комитет нысан кæны йæ 30-азон юбилей

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры хъалонон комитет
Хуссар Иры хъалонон комитет  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъалонон инспекци арӕзт ӕрцыд 1990 азы 16 октябры. 2002 азы президенты барамындӕй службӕ ИВД ӕрцыд Хъалонтæ æмæ фиддонты комитетмӕ

ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты кусджытӕ майрӕмбоны нысан кæнынц сæ професионалон бæрæгбон. Ацы аз уагдонæн у юбилейон -  сæххæст ыл 30 азы.

Бæрæгбоны цытæн йæ дæлбар кусджытæн раарфæ кодта комитеты разамонæг Къацты Владимир. Уый ма рахицæн кодта куысты мидæг уæлдай цæсгомджындæр адæмы дæр.

Кацты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъалонты ӕмбырдкӕнынад 2019 азы фӕфылдӕр 14 милуаны бӕрц – ФХС сӕрдар

"Афтæ мæм кæсы æмæ разамонæг хæсджын у, цæмæй йæ кусджытæ иууылдæр уой раппæлинаг. Ӕмбæлон уавæртæ арæзт куы цæуа, уæд алчи дæр, мæнмæ гæсгæ, уарзы æнтыстытæ. Абон мæн банысан кæнын фæнды инспектортæ Къумситы Александр æмæ Чилæхсаты Риммæйы куыст. Уыдон ам кусынц комитеты сырæзтӕй нырмæ. Ис сæм хорз фæлтæрддзинад. Æвзонгдæр кусджытæ дæр нæм дзæвгар ис. Уырны мæ, уыдонæн дæр тагъд кæй сырæздзæн сæ професионалондзинад æмæ стыр тырнындзинæдтимæ кæй æххæст кæндзысты сæ хæстæ", - загъта Владимир.

Коллектив бæрæгбоныл æмбæлы ног хæрзарæзт бæстыхайы, уымæ гæсгæ райгонд сты сæ уавæртæй дæр.

 "Аразджытæ бацархайдтой æмæ æппæт куыстытæ дæр æххæст æрцыдысты гъæдджынæй. Кусæм дзы цалдæр мæйы, фæлæ иунæг фиппаинаг дæр нæ рахатыдыстæм. Чи йæ сарæзта, уыдон та нæм цалдæр хатты æрбацыдысты, фарстой нæ, зæгъгæ, кæд исты згъуыд разынд, уæд æй рараст кæнæм. Уый тыххæй дæр сын бузныг", - банысан кодта комитеты сæрдар.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъалонон инспекци арӕзт ӕрцыд 1990 азы 16 октябры. 2002 азы президенты барамындӕй службӕ ИВД ӕрцыд Хъалонтæ æмæ фиддонты комитетмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0