Бекъойты Геннадий загъта йӕ хъуыды Мӕскуыйы Хуссар Иры базарадон минӕварады баконды фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянБекъойты Геннадий
Бекъойты Геннадий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы республикӕйы базарадон минӕварады баконд ацӕудзӕн дыууӕ бӕстӕйы хсӕн базарадон минӕварадтӕ саразыны фӕдыл бадзырды реализацийы фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Мӕскуыйы республикӕйы базарадон минӕварады баконд ратдзӕн уӕлӕмхасӕн импульс базарадон-экономикон ахастытӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн, фехъусын кодта хуссарирыстойнаг хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий.

Хуссар Ир бадзырдта ӕмгуыстады УФ Воронежы областимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир бадзырдта ӕмгуыстадыл УФ Воронежы областимӕ

Уӕрӕсейы республикӕйы базарадон минӕварады баконд ацӕудзӕн дыууӕ бӕстӕйы хсӕн базарадон минӕварадтӕ саразыны фӕдыл бадзырды реализацийы фӕлгӕтты.

Бекъойты Геннадий куыд банысан кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсе у Хуссар Ирыстоны стратегион партнер, кӕцыимӕ ис рагон ӕмӕ фидар культурон ӕмӕ гуманитарон бастдзинӕдтӕ, афтӕ ма райтынг ис ӕхсӕнпаддзахадон базарад дӕр.

"Мӕскуыйы Хуссар Ирыстоны базарадон минӕварады баконд ратдзӕн уӕлӕмхасӕн импульс дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ахастытӕн базарадон-экономикон ӕмгуыстады фадыджы. Махӕн ис егъау перспективӕтӕ, цӕмӕй райтынг кӕнӕм базарадон ӕмгуыстад минералон дон ӕмӕ дыргъты продукцийы импорты фадыджы, фидӕны та хъӕдырмӕджы сӕудӕджерады продукцийы" – бахахх кодта уый.

Минӕварады баконд ратдзӕн фадат ласын хуссарирыстойнаг продукци ӕрмӕст Мӕскуымӕ нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы Федерацийы ӕндӕр субъекттӕм дӕр, банысан кодта Беъкойты Геннадий.

Ног хабӕртты лентӕ
0