Цхинвайлаг "Барсалан"-ы футболисттӕ фембылд сты дзӕуджыхъӕуккаг "Юность"-ӕн

Рафыссын
Ерысты фаворитимӕ хъазты цхинвайлаг командӕйы сконды иунӕг пурти бакодта Хъӕцмӕзты Александр

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг футболон командӕ "Барсалан" Семеновы номыл турниры радон хъазты фембылдысты ерысты фаворит – дзӕуджыхъӕуккаг "Юность"-ӕн, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны футболон командӕ Барсалан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг ӕвзонг футболисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуккаг "Юность-2"-йы

Хъазт ацыд ивгъуыд улӕфт бонты Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ балхынцъ ис 4:1 хыгъдӕй.

"Ӕвзӕр нӕ хъазыдыстӕм, фӕлӕ бауагътам ӕртӕ пурти нӕ дуаргӕсы ӕнӕфидар хъазты тыххӕй. Дарддӕр кусдзыстӕм нӕ рӕдыдтытыл", - хъусын кӕны пресс-службӕ "Барсалан"-ы тренер Хъазиты Аланы ныхӕстӕ.

Комитеты бафтыдтой, зӕгъгӕ, цхинвайлаг командӕйы сконды иунӕг пурти бакодта Хъӕцмӕзты Александр.

Ног хабӕртты лентӕ
0