Хуссар Иры МХМ исынц мадзӕлттӕ коронавирусы ныхмӕ

© МВД РЮОХуссар Иры МХМ исынц мадзӕлттӕ коронавирусы ныхмӕ
Хуссар Иры МХМ исынц мадзӕлттӕ коронавирусы ныхмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны дӕлхайӕдты аскъуыддзаг кодтой фӕкъаддӕр кӕнын массон мадзӕлтты нымӕц, кусджытӕ та, кӕцытӕ арӕх контакт кӕнынц цӕрджытимӕ, хъуамӕ ӕнӕмӕнг пайда кӕной сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй

ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) тыхджындӕр кӕнынц коронавирусы ныхмӕ мадзӕлттӕ, кусджытӕ хъуамӕ пайда кӕной сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй ӕмӕ фӕкъаддӕр кӕной массон мадзӕлтты нымӕц дӕлхайӕдты. Ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ кусджытӕн радта республикӕйы мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб оперативон рабадты рӕстӕджы, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты вице-спикер банысан кодта фиппаинӕгтӕ коронавирусы ныхмӕ тохы

Пухаты Мераб банысан кодта, республикӕйы кӕй ӕвзӕрдӕр кӕны санитарон-эпидемиологон уавӕр, ӕмӕ уый фӕдыл хъӕуы ӕххӕст кӕнын коронавирусы профилактикӕйы мадзӕлттӕ уагдоны дӕлхайӕдты.

"Хъӕуы фӕкъаддӕр кӕнын массон мадзӕлтты нымӕц дӕлхайӕдты. Кусджытӕ, кӕцытӕ сӕ службӕйы тыххӕй арӕх контакт кӕнынц ӕмбӕстӕгтимӕ, хъуамӕ ӕнӕмӕнг пайда кӕной сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй", - бахахх кодта Пухаты Мераб.

Хуссар Ирыстоны майы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 305 рынчыны, уыдонӕй 215 адӕймагыл низ бахӕцыд Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Дыууы рынчыны амардысты.

Республикӕйы сӕхгӕдтой карантиныл скъолатӕ, ХИПУ ӕмӕ цалдӕр сабидоны, ӕдасдзинады мадзӕлттӕ райстой бюджетон организациты, кӕцыты ис коронавирусӕй рынчынтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0