Цхинвалы инфекцион хайады амард вирусон пневмониимӕ пациент

© Пресс-служба президента РЮОИнфекцион рынчындон
Инфекцион рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медицинон уагдоны фехъусын кодтой, нӕлгоймаг кӕй бахаудта рынчындонмӕ дыууӕварсон пневмониимӕ, фӕлӕ дохтыртӕн нӕ бантыст йӕ фервӕзын кӕнын

ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыууӕварсон пневмонийӕ амард 47-аздзыд нӕлгоймаг, фехъусын кодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион рынчындоны.

Хуссар Иры медицинон уагдон сифтонг кӕндзысты туаггуырӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры медицинон уагдон сифтонг кӕндзысты туаггуырӕй

Нӕлгоймаг бахаудта рынчындонмӕ цыппӕрӕмы ӕхсӕвы, уый амард госпитализацийӕ иу сахаты фӕстӕ. Нырма бӕрӕг нӕу, нӕлгоймаг коронавирусӕй рынчын уыд ӕви нӕ – тесты фӕстиуӕг нырма бӕрӕг нӕу.

"Къуырийӕ фылдӕр нӕлгоймаг хоскӕнынад цыд хӕдзары. Рынчындонмӕ уый бахаудта уӕззау уавӕры. Басгӕрсты фӕстӕ дохтыртӕ сӕвӕрдтой диагноз "дыууӕварсон пневмони". Афтӕ ма, фӕмардуӕвӕгӕн уыд сӕкӕрниз дӕр", - радзырдтой рынчындоны.

Амӕй размӕ Хуссар Ирыстоны дыууӕ адӕймаджы амардысты коронавирусӕй – 84-аздзыд нӕлгоймаг ӕмӕ 88-аздзыд сылгоймаг. Пандемийы райдайӕнӕй коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчын сты 367 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0