Сӕйраг санитарон дохтыр коронавирусы апарахаты тыххӕй Хуссар Иры: ӕнӕстабилон уавӕр

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Низ арӕхдӕр бахӕцы 18-69 азы кары адӕмыл, ацы кары къордмӕ хауы вирусӕй рынчынты ӕртыккаг хай, банысан кодта Коцты Марина

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты ӕртын процентӕй фылдӕр хоскӕнынад цӕуынц медицинон уагдӕтты, радзырдта йӕ интервьюйы Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг схуыдта коронавирусы апрахаты уавӕр Хуссар Ирыстоны "ӕнӕстабилон". Уый радон хатт ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной дохтыртӕ ӕмӕ эпидемиологты рекомендацитӕ, дарой маскӕтӕ ӕмӕ сӕхи хизой адӕмы массон ӕмбырдтӕй.

"Фӕрынчынуӕвджыты ӕртын иу проценты сты стационарты. Инфекцион рынчындон ӕмӕ сывӕллӕтты рынчындоны сты 84 пациенты коронавирусимӕ. Се хсӕн ис уӕззау рынчынтӕ дӕр. Дохтыртӕ аразынц алцыдӕр, цы ис сӕ тыхты, фӕлӕ уыцы тыхтӕ фаг не сты", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕрынчынуӕвджыты 70 проценты сты 18-69 азы кары адӕм. 12 процентмӕ ӕввахс сты сывӕллӕттӕ 17 азы онг, ӕмӕ 18 проценты та сты 65 азӕй хистӕрдӕр адӕм.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты

Сӕйраг санитарон дохтыр бахахх кодта, уагдонмӕ кӕй ис тест-системӕтӕ 10 000 басгӕрст ауадзынӕн.

"Хардзгӕнӕн ӕрмӕджытимӕ проблемӕ нын уыд, фӕлӕ сӕ тагъд райстам. Уыдон дефициты сты Уӕрӕсейы дӕр. Мах алкӕмӕндӕр аразӕм тесттӕ, фӕлӕ лабораторийы хъомыс ӕмӕ адӕймагон ресурс нӕ фаг кӕнынц" – банысан кодта Коцты Марина.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Югосетпотребнадзорӕй дарддӕр ӕмбӕстӕгтӕн фадат ис раттын анализтӕ хисӕрмагонд лабораториты "Гемотест" ӕмӕ "КДЛ"-йы.

Ног хабӕртты лентӕ
0