ЦХИНВАЛ, 29 окт - Sputnik. Днестргӕроны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Виталий Игнатьев ӕрдзырдта Хуссар Ирыстоны минӕвар Виталий Янковскиимӕ 2020 азы иумӕйаг куысты развӕлгъау хатдзӕгтыл.
"Днестргӕроны ФХМ сӕргълӕууӕг саргъ кодта хӕларадон республикӕты минӕварадтӕн ӕмӕ ӕддагполитикон уагдӕттӕн нывты дыккаг Ӕхсӕнадӕмон конкурс "Абхазия, Южная Осетия и Приднестровье: наследники Великой Победы"-йы организацийы тыххӕй", - дзырдӕуы Днестыргӕроны ФХМ хъусинаджы.
Игнатьев ма хорз саргъ кодта дыууӕварсон ӕмархайдӕн пандемийы уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.
Афтӕ ма, дипломаттӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстады перспективон здӕхтытыл ӕввахс рӕстӕгмӕ. Хицӕнӕй ныхас цыд Днестргӕроны официалон минӕварады куыстыл Хуссар Ирыстоны.