Хуссар Иры фӕуд кӕнынц хостӕ коронавирусӕй рынчынтӕн – Тотчиты Георгий

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг радзырдта хостӕ ӕмӕ медицинон туаггуырӕй ифтонгады уавӕры тыххӕй республикон бирӕпрофилон медицинон центры рынчындӕтты

ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны медицинон уагдӕтты фӕуд кӕнынц хостӕ, кӕцыдӕр категоритӕ дзы бынтондӕр нал ис, фехъусын кодта журналисттӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тотчиты Георгий.

"Хъыгагӕн, махмӕ ис хосты дефицит. Цы фӕстауӕрц нӕм уыд, уый фӕуд кӕны", - загъта Тотчиты Георгий.

Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг банысан кодта, акуалон кӕй у "сырх зонӕты" туаггуырӕй ифтонг кӕныны фарст.

© Sputnik / Диана КозаеваМинистр здравоохранения и соцразвития Южной Осетии Георгий Тотчиев
Хуссар Иры фӕуд кӕнынц хостӕ коронавирусӕй рынчынтӕн – Тотчиты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Министр здравоохранения и соцразвития Южной Осетии Георгий Тотчиев

"Кӕд раздӕр хъуыд 20-25 баллоны туаггуыр иу суткӕйы, уӕд ныр та хъӕуы 90 баллоны. Мах ласӕм ацы баллонтӕ легалонӕй Уӕрӕсейӕ", - загъта Тотчиты Георгий.

Ивгъуыд къуыри Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн хицауады фӕстауӕрцон фондӕй рахицӕн кодтой 700 мин сомы медикаменттӕ балхӕнынӕн. Ноджы ма дӕс милуан сомы та рахицӕн кодтой сӕрмагонд хыгъдӕй.

"Ацы фӕрӕзтӕ фаг не сты ахӕм уавӕрты. Уӕззау эпидемиологон уавӕр гӕнӕн ис адарддӕр уа цалдӕр мӕйы, ӕмӕ мах хъуамӕ цӕттӕ уӕм, цӕмӕй нӕм уа хосты фӕстауӕрц" – загъта министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Уый ма банысан кодта, йӕ бон кӕй нӕу зӕгъын конкретон суммӕтӕ, кӕцытӕ бахъӕудзысты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы пандемийы рӕстӕджы.

Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты дотыртӕ Санкт-Петербургӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты дохтыртӕ Санкт-Петербургӕй

Афтӕ ма Тотчиты Георгий нымайы ахсджиаг фарстыл туаггуыры хызӕгтӕ рынчындӕттӕм баиу кӕныны куыстытӕ. Ацы куыстытӕ райдайдзысты сабаты – нырма баиу кӕндзысты РБМЦ инфекцион корпусы фыццаг уӕладзыг. Уый фӕстӕ куыстытӕ дарддӕр кӕндзысты сывӕллӕтты рынчындолны.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 800 рынчыны, 11 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0