Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты дохтыртӕ Санкт-Петербургӕй

© Sputnik / Александр Гальперин /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирмӕ ӕрцыдысты дотыртӕ Санкт-Петербургӕй
Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты дотыртӕ Санкт-Петербургӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Петербургаг специалисттӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ хуссарирыстойнаг къухдариуӕгады ӕрхуындӕй. Уыдон ӕххуыс кӕндзысты сӕ коллегӕтӕн республикӕйы хос кӕнын коронавирусимӕ пациенттӕн

ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты Фыццаг Санкт-Петербургаг паддзахадон медицинон университеты анестезиологи ӕмӕ реаниматологийы зонадон-клиникон центры специалисттӕ. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры сӕйраг дохтыр Быценты Индира куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй хуссарирыстойнаг коллегӕтӕм ӕххуысмӕ ӕрцыдысты ӕртӕ специалисты – реаниматолог-анезтезиолог ӕмӕ дыууӕ дохтыры, кӕцытӕн ис коронавирусимӕ пациенттимӕ кусыны фӕлтӕрддзинад.

"Ӕмрӕстӕджы уыдон сты уӕлдӕр категорийы специалисттӕ – сӕ иу кардиолог, аннӕ та кардиохирург. Уымӕй дарддӕр, уӕрӕсейаг коллегӕтӕ нын ӕххуыс кӕндзысты коронавирусимӕ пациенттимӕ куысты", – радзырдта Быценты Индира.

Сӕйраг дохтыр бафтыдта, зӕгъгӕ, кардиологтӕй сӕ иу ӕххуыс кӕндзӕн бынӕттон специалисттӕн "сырх зонӕйы" сывӕллӕтты рынчындоны.

Пациенттӕн алцыдӕр ис: куыд ӕххуыс кӕнынц уӕрӕсейаг медиктӕ ковид-рынчынтӕн Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пациенттӕн алцыдӕр ис: куыд ӕххуыс кӕнынц уӕрӕсейаг медиктӕ ковид-рынчынтӕн Цхинвалы

"Дыккаг архайдзӕн ӕвзарыны пункты. Ӕртыккаг специалист та кусдзӕн коронавирусы хайады реанимацийы", - банысан кодта сӕйраг дохтыр.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 800 рынчыны, 11 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0