"Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта 200-йӕ фылдӕр тесты фӕстиуджытӕ

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæТест
Тест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы райдианй республикӕйы вирус бахӕцыд 1270 адӕймагыл, уыдонӕй 1180 – хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг арӕныл фондзмӕйон карантины систы фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ фӕзынд коронавирусӕй 60 ног рынчыны, фехъусын кодта майрӕмбоны "Югосетпотребнадзор-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц сентябры ӕмбисӕй нырмӕ схызт 1180 онг, уыдонӕй 134 адӕймаджы адзӕбӕх сты. 14 адӕймаг та амардысты вирусон пневмонийӕ.

Куымӕридтаты Линда  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президенты ӕмкъай ӕххуыс кӕны дохтыртӕн "сырх зонӕйы"

"Фӕстаг суткӕйы сарӕзтам 206 тесты. Коронавирус разынд ноджы 61 адӕймагӕн. Зиан ивъуыд суткӕйы не рцыд", - загъта Гаглойта Анна.

Стационарты ныртӕккӕ ис 228 адӕймаджы, ӕдӕппӕт та дохтырты хъусдарды бын ис 1046 рынчыны.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0