Хъайтардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады бон банысан кӕндзысты Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянХъайтардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады бон банысан кӕндзысты Цхинвалы
Хъайтардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады бон банысан кӕндзысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уыдзæн цыбыр кусæгон къуыри, фæлæ сæвзæргæ уавæр хынцгæйæ бæрæгбон уæрæхæй нысан не ʻрцæудзæн

ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik, Плиты Фатимæ. Къуырисæры Хуссар Ирыстоны банысан кӕндзысты Хъайтардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады бон. 23 ноябрь республикæйы у улæфт бон.

"2015 азы ацы датӕ бахастой бӕрӕгбонон бонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ президенты барамындмæ гæсгæ, уый у улæфт бон Хуссар Ирыстоны", - загътой хицауады пресс-службæйы.

Мысӕн датӕ снысан кодтой 1989 азы 23 ноябры цауты цытӕн, уӕд Цхинвалы цӕрджытӕ сӕхгӕдтой фӕндаг гуырдзиаг националисттӕн, кӕцытӕ фӕнд кодтой бабырсын Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ.

Адæмон иудзинады боны Мæскуыйы айтынг кодтой ирон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Адæмон иудзинады боны Мæскуыйы айтынг кодтой ирон тырыса

"Къурисæры 23 ноябры Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ бацӕуӕны уыдзæн дидинджытӕ æвæрыны церемони тыхон структурæты хистæрты хайадистæй æмæ минималон нымæц адæмы хайадистæй", - загътой Sputnik президенты администрацийы.

Хуссар Ирыстоны 23 ноябры банысан кӕндзысты Хъайтардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады бон. Уыцы бон 1989 азы Цхинвалы цӕрджытӕ сӕхгӕдтой фӕндаг гуырдзиаг националисттӕн, кӕцытӕ фӕнд кодтой бабырсын Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ. Датӕ нымад цӕуы республикӕйы сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадыл тохы райдайӕныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0