Хуссар Иры МХМ ӕрсидт цӕрджытӕм ӕнӕсанкцион митингты ма архайыны тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
 "Ӕнӕмгъуыд протестон акцимӕ" рахизынмӕ сиды ацы аз августы МХМ криминалон милицийы ӕрфарстты фӕстӕ фӕмардуӕвӕг Дзабиты Иналы идӕдз

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад ӕрсидт цӕрджытӕм ма рахизын ӕнӕсанкцион митингтӕм, кӕцытӕм сиды оппозици, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Ацы бонты Соттиты Оксана, МХМ криминалон милицийы ӕрфарстты фӕстӕ фӕмардуӕвӕг Дзабиты Иналы идӕдз, ныффыста социалон хызӕгты ӕрсидт "ӕнӕмгъуыд протестон акцитӕм рахизыны тыххӕй".

"Ме ‘мкъайы, не ‘ртӕ хъӕбулы фыд Дзабиты Иналы амӕлӕты фӕстӕ цы рӕстӕг рацыд, уый равдыста, хицауады кӕй нӕ фӕнды ацы хъуыддаг раст равзарын.  Уымӕй дарддӕр ма хицауад фӕлвары Иналы ном счъизи кӕнын дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕм ницы ӕвдисӕйнӕгтӕ ис, Инал милицийы хистӕры амарынмӕ кӕй хъавыд, уый тыххӕй", - ныффыста уый.

Мидхъуыддӕгты министрады банысан кодтой, кӕй сӕм ӕрбацыд оперативон информаци, зӕгъгӕ, ӕввахс рӕстӕджы оппозицион тыхтӕ хъавынц ауадзын ӕнӕсанкцион митинг.

РХИ парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты вице-спикер радзырдта депутаттӕ ӕмӕ генпрокуроры фембӕлды тыххӕй

Уымӕ гӕсгӕ уагдон ӕрсидт цӕджытӕм, цӕмӕй ма рахизон ахӕм акцитӕм вазыгджын эпидемиологон уавӕры тыххӕй, афтӕ ма закондзинад ӕмӕ фӕтк бахъахъхъӕныны оххыл.

"МХМ сиды ӕмбӕстӕгтӕм ӕмӕ цӕрджытӕм, кӕцытӕ хайад исдзысты ахӕм митингы, уыдон кӕй хӕсдзысты административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинадмӕ республикӕйы архайгӕ законмм гӕсгӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайад 28 августы бакодта угодовон хъуыддаг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл, кӕцыйы ӕрурӕдтой МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игоры амарын бафӕлварынмӕ зӕрдӕхсайыны тыххӕй. Уый фӕстӕ отставкӕйы арвыстой хицауады, кӕцыйы ног сконд нырма дӕр не сфидар кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0