Уалыты Владислав: Цхинвалы 3-ӕм скъолайы ахуыр кæндзысты нырыккон домæнтæм гæсгæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы 3-ӕм скъола
Цхинвалы 3-ӕм скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Объект арæзт цæуы 200 сывæллонæн. Ис дзы актон æмæ спортивон залтæ. Скъола арæзт хъуамæ фæуа графикæй бирæ раздæр, цæмæй 2021 азы 1-æм сентябры уый йæ дуæрттæ æрбакæна йæ ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн

ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 3-æм астæуккаг скъолайы бæстыхайӕн ӕрӕвнӕлдтой йӕ агъуыст ӕмбӕрзынмӕ. Куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ, рæзы тагъд темптæй, фехъусын кодта Sputnik подрядон организаци "Бадо"-йы сæргълæууæг Уалыты Владислав.

Скъола арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты. Подрядон организацийы кусджытæ сæхи равдыстой цæсгомджынæй. Бантыст сын тынг бирæ бакусын. Ныридæгæн сæрст æрцыдысты кълæсты къултæ, æркодтой сæ ахорæнæй байсæрдыны онг. Астъӕрдтӕ дæр лæгъз æрцыдысты, бауагътой йæм рухс. Иудзырдæй, проектмæ гæсгæ куыст графикæй цæуы бирæ раздæр.

"Алчи дæр нæ хорз æмбары, ацы скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ ныййарджытæ дæр æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кæсынц се скъолайы арæзтадмæ. Æмæ кæд йæ арæзтадæн лæвæрд æрцыд дыууæ азы æмгъуыд, уæддæр тындзæм, кусæм улæфтбонты дæр. Президенты бахæсмæ гæсгæ скъола арæзт хъуамæ фæуа графикæй бирæ раздæр, цæмæй 2021 азы 1-æм сентябры уый йæ дуæрттæ æрбакæна йæ ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн", - радзырдта Уалыты Владислав.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй скъола арæзт цæуы 200 сывæллонæн. Ис дзы актон æмæ спортивон залтæ. Ноджы сын фылдæр бантыстаид бакусын, фæлæ сыл æнæбандавгæ нæ бацис, æгас дунейыл чи апарахат, уыцы коронавирус дæр. Кусджытæй бирæтæ фæрынчын сты, стæй сæ бон нал ссис зæрдиагæй сæ чи хъуыдысты, ахæм специалисттæ æддейæ æрбахонын дæр.

Скъола №3 - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ аскъуыддзаг кодта сӕхгӕнын Цхинвалы скъолатӕй иу

"Пандемийы аххосæй бирæ алæууыд нæ куыст фæстæмæ. Афоныл нын бантыстаид хъæрмадон системæ саразын дæр. Ныр куыст цæуы йæ саразыныл, цæмæй мидæггагон куыстытæ кусджытæ æххæст кæной хъармы. Объектмæ уагъд æрцыдис дон, цæттæ у канализацион системæ дæр. Скъолайæн уыдзæнис йæхи модулон хъармгæнæн. Балхæдтам æмæ йæ æрластам. Ныртæккæ йын архайынц, кæм æвæрд уыдзæн, уыцы бынат нывыл æркæнынмæ. Зæгъгæ, рухс ахуыссыд, уæд дизелон генератор йæхæдæг скусдзæнис æмæ рухсы аххосæй скъолайы ахуыртæ нæ бакъуылымпы уыдзысты», - загъта Уалыйы фырт.

Нардуатисӕг ма куыд банысан кодта, афтæмæй скъола фæндагæй арæзт æрцыдис 7-8 метры мидæгдæр сывæллæтты æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй. Йæ фæрсты та æвæрд æрцæудзысты стыр æфсæн дуæрттæ, цæмæй куы хъæуа, уæд сын байгомгæнæн уа. Скъолайæн фæстæрдыгæй та арæзт æрцæудзæн, скъоладзаутæ кæм æрбадой, ахъазой, ахæм чысыл фæзуат.кӕд

Старый новый Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кӕд ӕмӕ кӕм фӕзынд фыццаг скъола Хуссар Иры

Арæзтады сæйраджыдæр кусынц бынӕттонтæ., фӕлӕ сæм ис æддейæ æрхонгæ специалисттæ дæр. Уалыты Владиславы ныхæстæм гæсгæ скъола арæзт куы фæуа, уæд кълæстæ ифтонг æрцæудзысты компьютертæй, æнæмæнгхъæуæг инвентарæй, уыдзæнис дзы видеокамерæтæ, æмæ ахуыргæнджытæн æппæт фадæттæ дæр уыдзæн сæ уроктæ нырыккон домæнтæм гæсгæ ауадзынæн.

Уалыты Владиславы компанийæн стыр æнтыст ис арæзтады хъуыддаджы. Уымæн саразын бантыст хъалонтæ æмæ фиддоны фæдыл комитеты бæстыхай, Орчъосаны скъола-цæхæрадон, Дменисы сывæллæтты цæхæрадон, 17 хæдзары та йын бантыст хисæрмагонд хæдзæрттæй саразын æмæ кæмдæриддæр куыста, уыдон арæзт æрцыдысты гъæдджынæй, æнæаиппытæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0