Кӕд ӕмӕ кӕм фӕзынд фыццаг скъола Хуссар Иры

© Архивон къамСтарый новый Цхинвал
Старый новый Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik уацхӕссӕг бацымыдис кодта, кӕд ӕмӕ кӕм фӕзындысты фыццаг ахуырадон артдзӕстытӕ Хуссар Ирыстоны.

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фыццаг скъола ацы ахуыры аз банысан кӕндзӕн йӕ 170 азы юбилей — уый арӕзт ӕрцыд 1847 азы Дзауы районы.

Республикӕ цыппӕрӕмы банысан кодта Зонындзинӕдты бон, мингай ахуырдзаутӕн сӕ дуӕрттӕ рӕдауӕй байгом кодтой 53 скъолайы, се ‘хсӕн куыд ӕрӕджы арӕзт ахуырадон уагдӕттӕ, афтӕ рагон скъолатӕ дӕр. Sputnik уацхӕссӕг бацымыдис кодта, кӕд ӕмӕ кӕм фӕзындысты фыццаг ахуырадон артдзӕстытӕ Хуссар Ирыстоны.

1 сентябрь 2016 аз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сентябры фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхынц

Зонадон-Иртасӕн институты (ЗИИ) Ирыстоны ног историйы хайады хистæры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Мурӕт радзырдта Sputnik, республикӕйы иууыл рагондӕртӕм кӕй хауынц ӕртӕ скъолайы, се ‘ртӕ дӕр фӕзындысты Дзауы районы.

"Хуссар Иры фыццаг рухстауджытæ фæзындысты дыууæ æнусы размæ, ахуырады артдзæстыты фæзынд баст уыд чырыстон динимæ. Уымӕ гӕсгӕ, фыццаг скъола фӕзынд аргъуаны, ныридæгæн Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъола кæм ис, уымæ хæстæг", — банысан кодта Джиоты Мурӕт.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый уыд фыццаг официалон министрадон скъола, фӕлӕ уымӕй размӕ Ирыстоны аргъуанты архайдтой хицӕн ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ чырыстон ахуыргӕнӕндӕттӕ, цыран сывӕллӕтты ахуыр кодтой кӕсын ӕмӕ фыссын. 

"XIX æнусы 20 æзтæй Ирон монон къамис бавнæлдта кæсын-фыссын сахуыр кæнын фӕсивӕды минæвæртты. Уыцы ӕзты Ӕгъуызаты Иуанемæ Тифлисы семинары ахуыр кодта дыууæ ирон лæппуйы. Ӕмрæстæджы Иуанейы æфсымæртæ — динамонджытæ Иосиф æмæ Бега та ахуырдзинад парахат кодтой Чеселтгомы æмæ Жрияйы хъæуы", — радзырдта уый.

1826 азы ты, адарддӕр кодта историк, Хуссар Иры аргъуантæ кæм уыд, уыцы рӕтты фæзындысты скъолатæ, ахуыр дзы кодтой 1-4 сывӕллоны, фæлæ азæй-азмæ фылдæр кодта сæ нымæц æмæ уавæр дӕр хуыздæрырдæм ивта.

Подготовка к открытию Петербургского экономического форума - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik Зонындзинӕдты бонмӕ лӕвар кӕны фыццагкъласонтӕн Абетӕ

"Фӕстӕдӕр ахуыргæнджытæн фидын райдыдтой мызд. Скъолайон ахуырады райрæзтмӕ стыр хайбавæрд бахаста рухстауæг, Цхинвалы районы Ортъеуы хъӕуккаг Цоциты Томайæн — уый хъæппæрисæй фæзындысты фыццаг министрадон скъолатӕ Дзау, Къроз æмæ Ручъы, фæстæдæр фæзынд скъола йæ райгуырæн хъæу Ортъеуы дæр", — радзырдта зонадон кусæг.

Республикӕйы ма иууыл рагондӕр скъолатӕм хауы Знауыры районы Хъорнисы хъӕууон скъола дӕр. Хъӕуы цӕрӕг куыд радзырдта, афтӕмӕй уый арӕзт ӕрцыд Сыгъдæг Джиуæрджийы номыл аргъуаны бындурыл. 

"Хъорнисы астæу Уæрæсейы паддзахы фæндонмæ гæсгæ арæзт æрцыд Сыгъдæг Джуæрджийы аргъуан. Ам бакондæуыд фыццаг скъола районы, фыссын æмæ кӕсыныл аргъуаны динамонджытæ цайдагъ кодтой адæмы. Хистæртæ —иу куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ аргъуаны скъола сырæзт 1864 азы. Фæстæдæр уымæ хæстæг арæзт æрцыд астæуккаг скъола дӕр", — радзырдта уый.

Фӕстӕдӕр скъолатӕ фӕзындысты республикӕйы аннӕ районты дӕр, сӕ нымӕц азӕй азмӕ кодта фылдӕрӕй фылдӕр. Уыдис куыд ирон, афтӕ уырыссаг ӕмӕ гуырдзиаг скъолатӕ дӕр. Абон Хуссар Иры ис 53 скъолайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0