Хуссар Иры парламент ӕртыццӕджы ӕркӕсдзӕн паддзахадон бюджетмӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕстӕйы хицауад ныридӕгӕн ӕркаст паддзахадон бюджеты проектмӕ фидӕн азмӕ ӕмӕ йӕ барвыста парламенты ӕркастмӕ

ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ӕртыццӕджы фӕнд кӕны ӕрӕмбырд кӕнын президиум ӕмӕ сессийы рабадтытӕм. Боны фӕткы сӕйраг фарст у 2021 азмӕ паддзахадон бюджеты закон, фехъусын кодта бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Джиоты Елена.

Амӕйразмӕ хицауад барвыста закондӕттӕг органмӕ бюджеты проект. Финансты министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы бюджет 2021 азмӕ у 7,7 миллиард сомӕй фылдӕр. Уыдонӕй социалон-экономикон райрӕзтӕн рахицӕн кӕндзысты 6,4 миллиард сомы, инвестицион программӕйы реализацийӕн та – 1,35 миллиард сомы.

"Ӕртыццӕджы фӕнд кӕнӕм ауадзын президиум ӕмӕ сесси дӕр, фарст ныридӕгӕн бахастам боны фӕткмӕ", - загъта Джиоты Елена.

Бюджетмӕ ӕркастыты профилон комитеты рабадтыл ивгъуыд цыппӕрӕмы. Комитеты сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, баныхас ацыд конструктивон форматы, финансты министры х.ӕ. Хӕбӕлаты Аза лӕмбынӕгӕй радзырдта фидӕн азы бюджеты тыххӕй.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уыдон сты адӕмы ӕхцатӕ": Бибылты Анатолий 2021 азмӕ бюджет райсыны тыххӕй

Джиоты Елена банысан кодта, бюджеты фӕдыл законы кӕройнаг ӕмгъуыд у 31 декабрь. Кӕд ӕмӕ уӕдмӕ бюджет ма райсой, уӕд фидӕн азӕй финанстӕ хицӕн кӕндзысты этаптӕм гӕсгӕ, бюджет адих кӕндзысты 12 хайыл алкӕцы мӕймӕ дӕр.

"Уый арӕнӕвӕрдтӕ сӕвӕрдзӕн хицауады фадӕттыл ӕмӕ фӕзындӕр кӕндзӕн хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнын. Цӕмӕй мах среализаци кӕнӕм программӕ мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл, уый тыххӕй мах хъуамӕ райсӕм баххӕстгӕнинӕгтӕ 2021 азмӕ бюджетмӕ. Кӕд бюджет нӕ райсӕм, уӕд баххӕстгӕнинӕгтӕ дӕр нӕ уыдзӕн ӕмӕ мыздтӕ нӕ бон нӕ уыдзӕн фӕфылдӕр кӕнын", - радзырдта комитеты сӕрдар.

Амӕйразмӕ финансты министры х.ӕ. Хӕбӕлаты Аза фехъусын кодта, Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс Хуссар Ирыстонӕн 2021 азы адарддӕр уыдзӕн фидаргонд бюджетон бадзырдтӕм гӕсгӕ.

Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты хай сентябры фехъусын кодта закондӕттӕг органы куыст ӕруромыны тыххӕй, цалынмӕ генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отсавкӕйы арвитой, уӕдмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ депутаттӕ сессимӕ ӕрӕмбырд сты ӕрмӕстдӕр иу хатт, цӕмӕй сфидар кӕной ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0