"Уыдон сты адӕмы ӕхцатӕ": Бибылты Анатолий 2021 азмӕ бюджет райсыны тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг равдыста ныфс депутатты бӕрндзинады фӕдыл, кӕцытӕ хъуамӕ райсой бюджет фидӕн азмӕ

ЦХИНВАЛ, 15 дек - Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолийы уырны, парламент кӕй равдисдзӕн бӕрндзинад ӕмӕ райсдзӕн сӕйраг финансон документ фидӕн азмӕ.

"Бюджет – у адӕмы ӕхцатӕ. Кӕд депутаттӕ хӕссынц бӕрндзинад адӕмы раз, кӕцытӕ сӕ равзӕрстой, уӕд ӕй райсдзысты", - загъта уый.

Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕххӕстгӕнӕг хицауад йӕ куыст сӕххӕст кодта, ӕмӕ бюджетмӕ гӕсгӕ фӕффылдӕр уыдзысты мыздтӕ ӕмӕ ӕндӕр фиддонтӕ.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахсджиаг фарст: Хуссар Иры парламент сразы ис бюджетмӕ баххӕстгӕнинӕгтыл

Амӕйразмӕ хицауад хорзыл банымадта 2021 азмӕ паддзахадон бюджеты проект. Хицауады рабадтыл президент банысан кодта, бюджеты кӕй бавӕрдтой ӕмӕ фӕфылдӕр кодтой фӕрӕзтӕ социалон бӕрндзинӕдты фӕдыл.

Фыццӕгӕм сентябрӕй 17 депутаты фехъусын кодтой сӕ куысты фӕурӕды тыххӕй, цалынмӕ генпрокуроры отставкӕйы арвитой, уӕдмӕ. Ноябры Хуссар Ирыстоны депутаттӕ августӕй фӕстӕмӕ фыццаг хатт ӕрӕмбырд сты сессийы рабадтмӕ ӕмӕ райстой ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ рахицӕн кодтой 62 милуан сомы коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0