Гуыззыдтаты Эдуард: Къуаисайы фӕндаджы арӕзтадыл фылдӕр куыстой бынӕттон цӕрджытӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Гуфта-Къуайсайы фæндаг
Гуфта-Къуайсайы фæндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуфта-Къуайсайы фæндагæн йе стырдæр хай хæхты фæрсты цæуы, уымæ гæсгæ дзы бирæ ис проблемон бынæттæ. Цъыфзæйтæ иу арæх фехæлдтой фæндаджы уæлцъар æмæ уый хъыгдардта автотранспортон змæлд

ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндаджы арæзтад бахӕццӕ кӕронмӕ. Арæзт фесты æппæт инженерон коммуникацитæ кæрæйкæронмæ. Баззад ма æрмæстдæр, 2020 азы цы хай сарæзтой, уым трассӕйы былтыл фæндагон нысæнттæ сæвæрыны куыстытæ, кæцыты аразынмæ бавналдзысты æввахс рæстæджы.

Автотрассӕ Гуфта-Къуаиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автотрассӕ Гуфта-Къуаисайыл фесты асфальтгӕнӕг куыстытӕ

Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитет "Дорэкспострой" фæндаджы арæзтады процессмæ равдыста иттæг серьезон ахаст. Æппæт куыстытæ дæр æххæст æрцыдысты афоныл æмæ гъæдджынæй. Йӕ сӕргълӕууӕг Гуыззыдтаты Эдуарды ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг сарæзтой фондз хиды. Уыцы хидтæ арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы хидарæзтады проектон институты проектмæ гæсгæ. Цæмæй хидтæн сæ эксплуатацийы рæстæг дæргъвæтин уа, уый тыххæй пайда кодтой бæрзондгъæдджын æрмæджытæй. Æртыккаг этапы хидты арæзтадмæ ноджыдæр бафтыд иу.

"2017 азы фæндагæн цы проект арæзт æрцыд, уым Джоджорайы доны сæрты хиды арæзтад нысан не 'рцыд. Уымæн æмæ уым цы зæронд хид ис уый хъуамæ цалцæг æрцыдаид капиталонæй. Фæлæ арæзтады рæстæджы сбæрæг, зæронд хиды цалцæджы бæсты хуыздæр кæй уыдзæнис ног саразын", - загъта Гуыззыдтаты Эдуард.

Æмæ ныр Джоджорайы доны сæрты дæр сырæзт ног хид.

Гуфта-Къуайсайы фæндагæн йе стырдæр хай хæхты фæрсты цæуы, уымæ гæсгæ дзы бирæ ис проблемон бынæттæ. Цъыфзæйтæ иу арæх фехæлдтой фæндаджы уæлцъар æмæ уый хъыгдардта автотранспортон змæлд. Ам раздæр цы лæсæнуромæн бетон къултæ арæзт æрцыд, уыдон фидар нæ разындысты. Проектон институты техникон хайады амындмæ гæсгæ, проблемон бынæтты æвæрд æрцыд æртæ метры йæ диаметр кæмæн у, ахæм æфсæн хæтæлтæ, цæмæй цъыфы зæй сыгъдæг цæуа. Лæсæн бынæтты та бакодтой æфсæн хызтæ.

Фæндаджы арæзтадыл райдианæй кæронмæ куыстой бынæттон цæрджытæ.

"Къуыдаргомы цӕрджытӕ хуыздæр зонгæ уыдысты фæндаджы проблемон бынæттимæ, уымæ гæсгæ уыдоныл бафтыдтам не ууæнк. Арæзтадон бригадæйы кусджытæ архайдтой зæрдиагæй, уымæн æмæ зыдтой, исты раст куыннæ саразой, уæд фыццаджыдæр, сæхицæн зиан æрхæсдзысты. Стæй ма куыстуатæн дæр уый æрхаста бирæ экономи. Фыццаджыдæр æрхонгæ кусджытæ æвзæрдæр фæкусынц бынæттон цæрджытæй. Стæй сæ ифтонг кæнын фæхъæуы цæрæнуатæй, бынатмæ æмæ сæ фæстæмæ фæхъæуы ласын. Бынæттон кусджытимæ уыйбæрц проблемæтæ нæ вæййы", - бафиппайдта Гуыззыдтаты Эдуард.

Гуфта-Къуаиса фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантинмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ: премьер бахӕс кодта фӕтагъддӕр кӕнын Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтад

Фæндаг арæзт æрцыд республикæйы социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Йæ арæзтадæн рахицӕн кодтой 546 милуан сомы. Объектыл куыст цыд 2017 азæй. Фыццаг этапы фæндаг аразын райдыдтой Гуфтайæ Хъемултамæ. Дыккаг этап та райдыдта Къуайсайæ. 2020 азы февралы мæйæ райдыдта фæндаджы арæзтады æртыккæгæм, кæронбæттæн этап.

Ног хабӕртты лентӕ
0