Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 51 рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 51 рынчыны коронавирусӕй
Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 51 рынчыны коронавирусӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахаты фӕстӕ ауагътой 14 191 иртӕсты Югосетпотребнадзоры лабораториты

ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Югоосетпотребнадзоры комитеты ивгъуыд суткӕ ауагътой 176 иртӕсты коронавирусы инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 51 радта ӕвӕрццаг хатдзӕг, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Дохтыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы ноджы иу адӕймаг амард COVID-19-ӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмткӕй медикты хъусдарды бын амбулаторон уавӕрты ӕмӕ рынчындоны ис 843 адӕймаджы.

"Пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчын ис 2 542, сӕнӕниз сты 1699, уыдонӕй 40 рынчындонӕй рафыстой фӕстаг суткӕйы", - загъта Коцты Марина.

Сӕйраг санитарон дохтыр ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахаты фӕстӕ кӕй ауагътой 14 191 иртӕсты Югосетпотребнадзоры лабораториты.

Ног хабӕртты лентӕ
0