Цхинвалы рынчындоны сӕйраг дохтыр радзырдта коронавирусы уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕззӕджы фӕстӕ рынчынкӕнынады уавӕр у стабилон, фӕлӕ уӕддӕр чысыл республикӕйӕн рынчындонмӕ бацӕуынц бирӕ рынчынтӕ, сӕ фылдӕр вӕййынц уӕззау уавӕры, банысан кодта Быценты Индира

ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны рынчындӕтты "сырх зонӕты" дыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ хоскӕнынад цӕуынц 70 рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикон бирӕпрофилон медицинон центры сӕйраг дохтыр Быценты Индира.

Сӕйраг дохтыр республикӕйы коронавирусӕй рынчынкӕнынады уавӕр банымадта стабилоныл.

"Пациентты нымӕц фӕкъаддӕр, фӕлӕ уыдон уӕддӕр бацӕуынц рынчындонмӕ уӕззау уавӕры, ӕмӕ вирусы амӕттӕгты нымӕц нырма фылдӕр кӕны. Знон амард ноджы иу адӕймаг. Къуырийы дӕргъы коронавирусы амӕттӕгтӕ бавӕййынц дыууӕ-ӕртӕ адӕймаджы, уымӕн ӕмӕ низ цӕуы уӕззау формӕйы. Уый нысан кодтой ӕрмӕст нӕ дохтыртӕ нӕ, фӕлӕ ма уӕрӕсейаг коллегӕтӕ дӕр", - загъта Быценты Индира.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны бон "сырх зонӕты" ис 70 адӕймаджы, уыдонӕй фондз сты реанимацийы.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнӕ карантинӕй: куыд у сӕ ахаст цхинвайлӕгтӕн коронавирусы ныхмӕ тобӕтӕ сисынмӕ

Медик бахахх кодта, коронавирусы рынчынкӕнынады уавӕр азы райдайӕнӕй кӕй нӕ фӕивта.

"Мах нӕ зонӕм, цы уыдзӕн февраль-марты. Кӕд ӕмӕ коронавирусы апарахат арӕнӕвӕрдтӕ сисыны фӕстӕ фӕтыхджындӕр уа, уӕддӕр нӕм ис дыууӕ ковид-зонӕйы, алкуыдӕр ис туаггуыры хӕххытӕ", - загъта сӕйраг дохтыр.

Афтӕ ма Быценты Индира банысан кодта, рынчындӕтты ныртӕккӕ кӕй ис сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзты цухдзинад.

"Фӕлӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад нӕ куырдиатӕй балхӕдта алцыдӕр, туаггуыр дӕр ӕрластой фӕндаджы ӕхгӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы мӕй проблемӕтӕ нӕ уыдзӕн", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 2,5 адӕймагӕй фылдӕр, уыдонӕй 1,7 мин адӕймагӕй фылдӕр сӕнӕниз сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0