Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕн

© Sputnik / Виталий ДенисовБибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕн
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2021
Рафыссын
Ӕртыццӕджы уагдон нысан кӕны йӕ сӕвзӕрды 16-ӕм афӕдзы бон – арӕнхъахъхъӕнджытӕн бӕрӕгбоны фӕдыл раарфӕ кодта президент

ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад комкоммӕ баст у Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) Арӕнгӕрон службӕйы кусджыты цӕсгомджын архайдимӕ, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы телы уагдоны сӕвзӕрды 16-ӕм афӕдзы боны фӕдыл.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны хъахъхъӕд домы сымахӕй профессионалон цӕттӕдзинад ӕмӕ уӕлвӕткон уавӕрты раст архайыны арӕхстдзинад", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Президент бафтыдта, зӕгъгӕ, Арӕнгӕрон службӕйы куысты сӕйрагдӕр хӕйттӕй сӕ иу у Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕн Уисты хъӕуы районы.

"Уӕ архайды руаджы иуварс цӕуынц гуырдзиаг фарсы провокацитӕ, хъӕуы цӕрджытӕн фадат ис сабыр цард кӕнын", - банысан кодта президент.

Бибылты Анатолий загъта бузныг арӕнхъахъхъӕнджытӕн сӕ куысты тыххӕй ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта уды тых.

Ног хабӕртты лентӕ
0