Ахуырады министрад дыууӕ уагдонӕн балхӕдта ифтонгад

© Sputnik / Наталья АйриянАхуырады министрад дыууӕ уагдонӕн балхӕдта ифтонгад
Ахуырады министрад дыууӕ уагдонӕн балхӕдта ифтонгад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.02.2021
Рафыссын
Ӕрмӕг райстой сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуан ӕмӕ Колыты Аксойы номыл Аивадты лицей

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад дыууӕ уагдонӕн самал кодта музыкалон ӕмӕ хъазӕн ифтонгад. Ӕрмӕг райстой сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуан ӕмӕ Колыты Аксойы номыл Аивадты лицей.

Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.01.2020
"Альбион" æмæ Аивæдты лицей бавдисдзысты Къостайы тыххæй равдыст

"Аивӕдты лицей баххӕст кодта йӕ музыкалон хӕзнадон дыууӕ фӕндырӕй. Ахуырадон уагдоды сфӕлыстадон куыстӕн ног ифтонгад уыдзӕн ахъаз",- загъта ахуырады министрады кусӕг Тедеты Алена.

Уый ма бафтыдта, министрад ма сарӕзта лӕвар Цхинвалы Сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуанӕн дӕр. Уыдон та райстой LEGO конструктортӕ.

Ифтонгад ӕппӕт дӕр ӕрцыд ӕлхӕд министрады монон фӕткӕвӕрдон нывӕзты фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0