Перспективон боксер Хуссар Ирӕй ногӕй архайдзӕн Уӕрӕсейы командӕйы сконды

Гӕджиты Гурам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Рафыссын
Гӕджиты Гурамы фӕхуыдтой Уӕрӕсейы ӕвзӕнгты командӕйы скондмӕ 2019 азы бӕстӕйы фыццагады финалист куы ссис, уый фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг курдиатджын боксер Гӕджиты Гурам ногӕй хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы спортивон кад боксӕй ӕвзӕнгты командӕйы сконды. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы спортивон скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.

Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой аст сызгъӕрин майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2021
Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой аст сызгъӕрин майданы Ессентукийы

Кокойты Ирбег куыд банысан кодта, афтӕмӕй, Гӕджиты Гурам 18 февралы онг хайад исдзӕн Уӕрӕсейы командӕйы рӕвдзыты, кӕцытӕ цӕуынц Ленинграды областы.

"Абон ацыдысты фыццаг тренировкӕтӕ. 18-йӕ 24-ӕм февралы онг та командӕйӕн ацӕудзысты матчон фембӕлдтӕ", - радзырдта Кокойты Ирбег.

Гӕджиты Гурам 2019 азы ссис Уӕрӕсейы фыццагады финалист, ӕвзарӕн этап рацыд "Юность России"-йы турниры уылты. Уый уыд Уӕрӕсейы командӕйы сконды фыццаг номырӕй, ахызт ӕвзарӕн этап Европӕйы чемпионатмӕ, фӕлӕ йын нӕ бантыст хайад райсын ерысты, уымӕн ӕмӕ цыдысты Гуырдзыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0