Санитарон уагдоны радзырдтой коронавирусы уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

© REUTERS / AMMAR AWADКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.02.2021
Рафыссын
Санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 18 мин иртӕстӕй фылдӕр коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 3025 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг

ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийы кӕрон сбӕрӕг кодтой 17 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Харебаты Заира йæ пациентимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2021
Бузныджы аккаг дохтыр: Харебаты Заира рынчынтӕн хос кӕны дзырдӕй дӕр

Уый банысан кодта, фӕстаг тесттӕ кӕй сарӕзтой сабаты, улӕфт бонты рӕстӕджы та Югосетпотребнадзоры лабораторийы тесттӕ нӕ арӕзтой. Гаглойты Анна бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕртыццӕджы, ногӕй райдыдтой аразын тесттӕ, сӕ фӕстиуджытӕ бӕрӕг уыдзысты цыппӕрӕмы райсоммӕ.

"Сабаты 115 тестӕй 17 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - фехъусын кодта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 18 мин иртӕстӕй фылдӕр коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 3025 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Медикты хъусдарды бын сты 888 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0