Резервон электрохахх Хуссар Ирыстонӕн сараздзысты ӕмгъуыдӕй раздӕр - президент

© Пресс-служба МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Рафыссын
Электрохаххы нысан у республикӕйы ӕнӕкъуыхцытӕй ифтонг кӕнын электроэнергийӕ. Йӕ дӕргъ уыдзӕн 4,5 километры, проекты реставрацийӕн бахъӕудзӕн 1,7 миллиард сомы

ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Козаты Диана. Резервон электрохахх Хуссар Ирыстонӕн Уӕрӕсейы Ручъы тоннелы уылты ауадздзысты 2021 азы кӕрӕттӕм, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий хицауады рабадты майрӕмбоны.

Электрохахх - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2019
РХИ президент загъта, кӕд райдайдзӕн резервон электрохаххы арӕзтад

 

Проекты арӕзтад кӕронмӕ хъуамӕ бахӕццӕ уыдаид 2022 азы.

Ивгъуыд азы сентябры Мӕскуыйы бафыстӕуыд бадзырд Хуссар И ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауӕдты хсӕн резервон электрохаххы фӕдыл.

"Мах бирӕ рӕстӕг куыстам ууыл, цӕмӕй нӕ республикӕйӕн уа резервон электрохахх Ручъы тоннелы уылты. Ацы куыст ныддаргъ ис, фӕлӕ хъӕуы ӕмбарын, кӕй дзы уыд бирӕ техникон зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр уӕрӕсейаг специалисттӕ ссардтой техникон фадӕттӕ, цӕмӕй ауадзой ацы хахх тоннелы уылты", - загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Бибылты Анатолий банысан кодта, кӕй уыд финансон проблемӕтӕ дӕр ацы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг проекты реализацийы хъуыддаджы.

"Уымӕ гӕсгӕ, ӕртӕ азы дӕргъы Инвестпрограммӕйӕ хицӕн кӕндзыстӕм финансон фӕрӕзтӕ 191 милуан сомы бӕрц. Ацы хъуыддаджы нӕ фарсмӕ балӕууыдысты уӕрӕсейаг коллегӕтӕ - развӕлгъау хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, ацы лини хъуамӕ ӕрбаиу кӕной ацы азы кӕрӕттӕм", - фехъусын кодта президент.

Уый бузныг загъта, ацы проекты реализацийы чидӕриддӕр хайад иста, ӕппӕт уыцы адӕмӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0