Хуссар Иры грэпплертӕ хайад райсдзысты Уӕрӕсейы Кубокы

Грэпплинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейы Кубокмӕ ирон спортсменты фӕхуыдтой сӕ ӕнтыстджын архайды фӕстӕ ерысты Новочеркасскы, цы ран уыдон рамбылдтой дӕс майданы

ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны командӕ грэпплингӕй хайад райсдзӕн Уӕрӕсейы Федерацийы Кубокы, кӕцы ӕрӕмбырд кӕндзӕн иу мин спортсменӕй фылдӕр. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта грэпплингы тренер Дудайты Владимир.

Хуссарирыстойнаг грэпплертӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.02.2021
Иууыл тыхджындӕртӕ: Хуссарирыстойнаг грэпплертӕ рамбылдтой 10 майданы Новочеркасскы

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуссарирыстойнаг командӕйы фӕхуыдтой сӕ ӕнтыстджын архайды фӕстӕ ерысты Новочеркасскы.

"Мӕнмӕ бацыд ацы ерысты минӕвар ӕмӕ сӕрмагондӕй фӕхуыдта нӕ командӕйы Уӕрӕсейы Кубокы хайад райсынмӕ. Ацы ерысты нын ӕнцон нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ абоны онг дзы срегистраци кодтой 1 500-мӕ ӕввахс спортсмены", - загъта Дудайты Владимир.

Тренер бафтыдта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы Кубокӕй дарддӕр хуссарирыстойнаг командӕйы фӕхуыдтой ноджы цыппар турниры хайад райсынмӕ.

Новочеркасскы турниры ирон спортсментӕ рамбылдтой дӕс майданы.

Ног хабӕртты лентӕ
0