Цхинвалы схорзӕхджын кодтой фыдбылызы бахауӕг адӕмы фервӕзынгӕнӕг зынгфӕдисонты

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2021
Рафыссын
Майдантӕ "Адӕймаг фервӕзын кӕнын" ӕмӕ "Зынгирвӕзты тохы алфӕн"-тӕ райстой Хуыбецты Сергей, Цхуырбаты Алим, Бестауты Альберт, Дзассохты Сӕрмӕт, Джиоты Сослан ӕмӕ Ӕлборты Роберт

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады схорзӕхджын кодтой фӕстаг рӕстӕджы зынгирвӕзтыты рӕстӕджы чи расгуыхт, уыцы кусджыты.

Майдантӕ "Адӕймаг фервӕзын кӕнын" ӕмӕ "Зынгирвӕзты тохы алфӕн"-тӕ райстой Хуыбецты Сергей, Цхуырбаты Алим, Бестауты Альберт, Дзассохты Сӕрмӕт, Джиоты Сослан ӕмӕ Ӕлборты Роберт.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой фыдбылызы бахауӕг адӕмы фервӕзынгӕнӕг зынгфӕдисонты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2021
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты

Фӕсивӕд рагуыхтысты фӕстаг мӕй дыууӕ зынгирвӕзты рӕстӕджы Фидауынгӕнджыты уынгтыл ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл.

Хорзӕх кӕныны церемонийы цытӕн зынгирвӕзты службӕйы кӕрты ацыд цытджын ралӕуд, ирвӕзынгӕнджыты хорзӕхкӕнынмӕ бацыд министрады разамонӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цоциты Азӕмӕт. Уый банысан кодта, цы лӕппутӕн цыт цӕнынц, уыдон кӕй фервӕзын кодтой ӕртӕ адӕймаджы, кӕцыты цардӕн тӕссаг уыд артӕй ӕмӕ фӕздӕгӕй.

"Ныр фылдӕрбӕрцӕй хӕдзӕрттӕ арӕзт цы ӕрмӕгӕй цӕуынц, уыдон тынг тӕссаг сты зынгирвӕзты рӕстӕджы. 30 секундӕй дыууӕ минуты онг фаг у, цӕмӕй адӕймаг райса уӕззау хъӕстӕ. Лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады хицау дзы кӕны мӕлгӕ. Ацы лӕппутӕ фервӕзын кодтой адӕмы", - загъта министр.

Уый ма банысан кодта, зынгфӕдисонтӕн ӕввахс рӕстӕджы кӕй фӕхуыздӕр уыдзысты сӕ уавӕртӕ.

"Иу мӕймӕ хъуамӕ скуса фӕздӕг ӕмӕ арты ныхмӕ ног службӕ. Хорз сахуыр кӕндзыстӕм нӕ сӕрмагонд уӕлӕдарӕс ӕмӕ ӕнӕ уымӕй зынгирвӕзтмӕ ничиуал цӕудзӕн, цӕмӕй зынгфӕдисонтӕн сӕхи ирвӕзын кӕнын ма хъӕуа", - бафтыдта Цоциты Ацӕмӕз.

Уымӕй дарддӕр ма къорд кусӕгӕн радтой кады грамотӕтӕ ӕмӕ цинтӕ.

Цыппӕрӕмы ма уагдоны майдантӕ "Адӕймаджы фервӕзын кӕнын" ратдзысты Рустауы хъӕуы дыууӕ цӕрӕгӕн, кӕцытӕ аварийы бахауӕг адӕмы фервӕзын кодтой артӕй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты
© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой зынгфӕдсонты - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/6

3/6

4/6

5/6

6/6

Ног хабӕртты лентӕ
0