Хуссар Иры схорзæхджын кодтой æмкъæйтты, кæцытæ фервæзын кодтой æхсæз адæймаджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры схорзæхджын кодтой бинонты, кæцытæ фервæзын кодтой æхсæз адæймаджы
Хуссар Иры схорзæхджын кодтой бинонты, кæцытæ фервæзын кодтой æхсæз адæймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2021
Рафыссын
Авд азы размæ Тедеты бинонтæ Геврик ӕмӕ Алла судзгæ хæдтулгæйæ райстой авд адæймаджы

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) майдан "Адӕймаг фервӕзын кӕнын"-ӕй схорзӕхджын кодтой Рустауы хъӕуы цӕрджытӕ Тедеты Геврик ӕмӕ Захарова Аллайы. Ӕмкъæйттæ авд азы размӕ судзгӕ хӕдтулгӕйӕ райстой авд бӕлццоны, уыдонӕй иу цӕфты фӕстиуӕгӕн амард.

Цыппӕрӕмы министрады минӕвӕрттæ бацыдысты бинонтӕм.

"Уым куы нӕ разындаиккой, уӕд зиӕнттӕ уыдаиккой фылдӕр. Сӕ амондӕн сӕ рбаййӕфтой. Махӕн та ныххатыр кӕнут фӕстиатимӕ кӕй дӕттӕм хорзӕх", - загъта УУМ сæргълæууæджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цоциты Азӕмӕт.

Авари рцыд 2014 азы Зар-Цхинвалы трассӕйыл Домы кувӕндонмӕ ӕввахс. Хӕдтулгӕ УАЗ-469 ахауд дӕлбыр, хӕдтулгӕ ссыгъд, йӕ мидӕг бадт авд адӕймаджы, уыдонӕй иу сылгоймӕг нал фервӕзт.

"Додотӕй рацӕйцыстӕм. Уыдон нӕ фӕстӕ цыдысты. Уыдон куыннӕ уыдаиккой, уӕд хӕдтулгӕйы исчи басыгъдаит, 20 литры бӕрц дзы уыд ӕртаг. Ме 'мкъай Къусрианы дӕр райстой, фӕлӕ цӕфӕй амард ", - загъта Тыджыты Георгий.

ФТЦ адӕмы ирвӕзынгӕнджытӕ уыцы уӕззау рӕстӕг мысгӕйӕ сӕ цӕссыг нӕ уромынц. Захарова Аллайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тасмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ нӕ фӕтыхст ӕмӕ фыццаг рады фӕдзырдта тагъд ӕххуысмӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Тедеты Геврик ӕмӕ Захарова Алла
Хуссар Иры схорзæхджын кодтой æмкъæйтты, кæцытæ фервæзын кодтой æхсæз адæймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2021
Тедеты Геврик ӕмӕ Захарова Алла

"Хӕдтулгӕ сыгъд. Дыуӕрттӕ ныффидар сты. Геврик сӕ иста, ӕз та сӕ фӕсфӕд ластон. Шофырӕн йӕ чызг бадт йӕ фарсмӕ ӕмӕ уый дӕр ссыгъд, цыдӕр дарӕс мӕм бахауд ӕмӕ йӕ уымӕй ахуыссын кодтой. Ныр дӕр мӕ нӕ рох кӕны уыцы бон",- дзуыры уый.

Аварийы бахауӕг хӕдтулгӕйы шофыры ирвӕзынгӕнджытӕ Тедеты бинонтӕй дарддӕр ма уыдысты ӕнӕзонгӕ бӕлццӕттӕ.

"Шофыры мах удӕгас дӕр нал ӕнхъӕлдтам, фӕлӕ фӕндаджы иу фарсмӕ аластон, уый бӕрц тых мӕ кӕцӕй фӕзынд, уый нӕ зонын. Уалынмӕ иу таргъуыз машинӕ рацыд ӕмӕ дзы дыууӕ лӕппу рагӕпп кодта, иу дзы йӕ хӕдон аскъуыдта ӕмӕ дзы лӕджы цӕф бабаста ӕмӕ йӕ аластой горӕтмӕ", - дзуры Алла.

Адӕмы ирвӕзынгӕнгӕйӕ Тедеты Геврик йӕхӕдӕг дӕр басыгъд.

"Мӕхицӕн дӕр мӕ дарӕс ссыгъдысты, фӕлӕ сӕ райстам иууылдӕр. Тагъд ӕххуыс ӕмӕ уӕлвӕткон уагдоны фӕдисонтӕ дӕр тагъд нӕ фарсмӕ балӕууыдысты", - загъта Тедеты Геврик.

© Sputnik / Natalia Airiyan Тыджыты Георгий
Хуссар Иры схорзæхджын кодтой æмкъæйтты, кæцытæ фервæзын кодтой æхсæз адæймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2021
Тыджыты Георгий
Ног хабӕртты лентӕ
0