Дӕргъвӕтин паузӕйы фӕстӕ: Гуырдзыстонимӕ арӕныл райдыдта ИӔАМ хайадисджыты фембӕлд

© Sputnik . Михаил ХасиевИӔАМ фембӕлд
ИӔАМ фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Рафыссын
Ивгъуыд фембӕлд арӕныл ацыд фарон сентябры, уый размӕ та форматы хайадисджытӕ не мбӕлдысты иу азы дӕргъы

ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik, Козаты Диана. Инциденттӕ ма руадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлдтӕ сног уыдзысты ӕрдӕг азы фӕурӕды фӕсты. Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзысты минӕвӕртты фембӕлд арӕныл райдыдта майрӕмбоны.

ИӔАМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2021
Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл сног уыдзысты ИӔАМ форматы фембӕлдтӕ

Фӕстаг фембӕлд ацы форматы ацыд фарон сентябры. Ноябры фембӕлд нал ацыд коронавирусы пандемийы фӕдыл уавӕры тыххӕй.

Уый размӕ арӕнгӕрон фембӕлдтӕ иу азы дӕргъы нӕ уагътой Уисты хъӕуы уавӕры тыххӕй, цы ран 2019 азы августы гуырдзиаг полицийы кусджытӕ сӕвӕрдтой ӕнӕзаконон блокпост.

"Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзурдзыстӕм арӕны ӕдасдзинады фарстытыл, Уисты хъӕуы районы гуырдзиаг ӕнӕзаконон постыл ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл, кӕцытӕ хауынц арӕнгӕрон районты уавӕрмӕ", - фехъусын кодта амӕйразмӕ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Фӕстиуджыты тыххӕй журналисттӕн фехъусын кӕндзысты фембӕлды фӕстӕ.

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 2019 азы 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд. Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0