Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст

© Из личого архива Мальвины БибиловойУарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст
Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Рафыссын
Ӕрвылаз дӕр коррекцион къласы ахуырдзаутӕ бацӕттӕ кӕнынц сӕ мӕдтӕн ӕнахуыр лӕвӕрттӕ, кӕцытӕ саразынц сӕхи къухтӕй. Баххуыс сын кӕны психолог Бибылты Мальвина

ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы скъола-интернаты ацыд коррекцион кълӕсты ахуырдзауты равдыст. Мадзалы организатор, скъолайы психолог Бибылты Мальвина куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бонмӕ нынныв кодтой сӕ мӕдты ӕмӕ сын сарӕзтой фӕрдгуытӕ.

© Из личого архива Мальвины БибиловойУарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст
Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст
"Коррекцион кълӕсты ахуыр кӕнынц сӕрмагонд рӕзынадимӕ сывӕллӕттӕ. Ӕрвылаз дӕр мах малӕвар кӕнӕм нӕ гыццитӕн чысыл лӕвӕрттӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм ахуырдзауты ныйарджытӕн ахсджиаг у ӕвдисын, куыд хорз сабитӕ сын ис. Куыд сывӕллӕтты, афтӕ мӕдты дӕр фӕхъӕуы аудындзинад ӕмӕ хъарм ахаст. Уымӕ гӕсгӕ фӕархайӕм ӕрымысын исты ӕнахуыл лӕвӕрттӕ", - радзырдта психолог.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг домӕн вӕййы, цӕмӕй саби йӕхӕдӕг, йӕхи къухтӕй бацӕттӕ кӕны лӕвар йӕ уарзон мадӕн.

© Из личого архива Мальвины БибиловойУарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст
Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст

Раздӕр ӕзты-иу сывӕллӕттӕ скодтой адджын гуылтӕ ӕмӕ иу сӕ нывӕрдтой рӕсугъд хызынты, афтӕ ма сарӕзтой арфӕйы гӕххӕттытӕ дӕр.

"Ацы аз коронавирусы фӕдыл тобӕты аххосӕй нӕ бон къӕбицмӕ байвӕрзын нӕ бацис, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтам бацӕттӕ кӕнын нывтӕ. Алкӕцы саби дӕр нынныв кодта йӕ гыццийы ӕмӕ йын сарӕзта фӕрдгуытӕ. Сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг равзӕрстой фӕрдгуыты хуыз, кӕцытӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фӕцӕудзысты сӕ мӕдты зӕрдӕмӕ", - бамбарын кодта Бибылты Мальвина.

Психолог ма банысан кодта, кӕй бакодтой тынг стыр ӕмӕ цымыдис куыст, кӕцыйы рӕстӕджы сывӕллӕттӕ райстой бирӕ ӕвӕрццаг эмоцитӕ.

© Из личого архива Мальвины БибиловойУарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст
Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Уарзон гыццитӕн 8 Мартмӕ: Цхинвалы ацыд сӕрмагонд рӕзынадимӕ сабиты равдыст
Ног хабӕртты лентӕ
0