Хуссар Иры скусдзӕн бырондоны фӕзуат

© Sputnik / Азамат КулумбеговХъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуат
Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Рафыссын
Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис – уый руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.

Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.

© Sputnik / Азамат КулумбеговХъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуат
Хуссар Иры скусдзӕн бырондоны фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуат
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.

Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.

Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.

Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0