Горæты къæвда, хæхты зæйтæ: цавæр боныгъæд уыдзæн Ирыстоны ацы къуыри

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.03.2021
Рафыссын
Уазал æмæ къæвдаджын март нырма ницы уадиссаг рухс кæны Хуссар Ирыстон æмæ РЦИ-Аланийы цæрджыты зæрдæтæ уалдзыгон хъуарм боныгъæдæй

ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Ирыстоны æввахс къуыри уыдзæн æвзæр боныгъдæтæ къæвда æмæ митуардтимæ, хъусын кæнынц синоптиктæ. Уыимæ иумæ Цæгат Ирыстоны УУМ фæдзæхсы хæххон районты зæйты æрцыды тасæй.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Транскамыл æруарыд мит æмæ тас у зæйты æрцыдæй, фæлæ трассæ у гом - УУМ

Хуссар Ирыстоны къуырийы дæргъы уыдзæн ивгæ боныгъæдтæ - 15-21 марты асæст бонты иу хаттæй-хатт фæзындзæн хуры цæст дæр, фæлæ æнæ къæвдатæй дæр аирвæздзысты цæрджытæ. Къуырийы дæргъы-иу райсом æмæ изæрыгæтты рауардзæн къæвдатæ.Республикæйы сæйраг горæты уæлдæвы хъæрмад уыдзæн æхсæв -3 градусы æмæ боны та +10 градусы онг.

Цæгат Ирыстоны дæр æввахс къуырийы дæргъы боныгъæд нæ барухс кæндзæн цæрджыты зæрдæтæ хъарм бонтæй. Ам дæр уыдзæн къæвдатæ æмæ асæст боныгъæд.

УУМ прогнозтæм гæсгæ, Транскамы дæр къуырийы дæргъы уыдзæн зæйты æрцыдæй тас. Уæлвæткон уагдоны сидынц шофыртæм, цæмæй уой арæхстджын æмæ хъахъхъæной фæндагон фæтк зынвадат трассæйыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0