Ӕртӕ аварийы бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы: Хуссар Иры МХМ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2021
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны фехъусын кодтой республикӕйы криминогенон уавӕр ӕмӕ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй 22-ӕй 29-ӕм мартмӕ периоды

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Авариты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Республикӕйы территорийыл ивгъуыд къуыри не ‘рцыд фыдракӕндтӕ. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма, ивгъуыд къуыри Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 210 фӕткхалды, 17 шофыры скъӕрдтой автотранспорт нозтджынӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0