"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæГоспиталь, ковид
Госпиталь, ковид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2021
Рафыссын
Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны COVID-19 рабӕрӕг кӕныны тыххӕй саразгӕ иртӕстыты нымӕц ахызт 20 минӕй, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг разынд низы уӕвынад сбӕрӕг ис 3205 адӕймагӕн

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы куырисӕры сарӕзтой 48 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй, ӕвӕрццаг фӕстиуӕг разынд дыууӕ адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна. 

COVID-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2021
Цӕгат Иры дыууӕ адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтам 48 иртӕсты, коронавирус рабӕрӕг ис дыууӕ адӕймагӕн", - загъта уый.

Уый бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой 13 пациенты, пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕнӕниз сты 2821 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 387 рынчыны.

Республикӕйы ӕдӕппӕт саразгӕ иртӕстыты нымӕц схызт 20 134 онг. Санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, низы уӕвынад сбӕрӕг ис 3208 адӕймагӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0