Хуссар Иры президент ацыд отпускы дыууӕ къуыримӕ

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2021
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг нывӕнды арвитын отпуск республикӕйы территорийыл. Йӕ хӕстӕ йын ацы рӕстӕг ӕххӕст кӕндзӕн премьер-министр

ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий 1 апрелӕй ацӕудзӕн дыууӕкъуырион отпускы, кӕцы нывӕнды арвитын республикӕйы территорийыл, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий райста Луганскы Адӕмон республикӕйы иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Бибылты Анатолий райста Луганскы иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх

Паддзахады сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ацы рӕстӕг ӕххӕст кӕндзӕн хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий, банысан кодтой уагдоны.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, хицауады сӕрдар ӕрвылбон кӕй хъусын кӕндзӕн президентӕн республикӕйы уавӕры тыххӕй.

Афтӕ ма пресс-службӕйы банысан кодтой, 2020 азы паддзахады сӕргълӕууӕгӕн кӕй нӕ бантыст баулӕфын, уымӕн ӕмӕ республикӕйы уыд уӕззау эпидемиологон уавӕр коронавирусы пандемийы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0