Сырх Дзуар ӕмӕ Хуссар Иры хицауад ӕрдзырдтой ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бацагуырдыл

© Sputnik / Андрей Теличев /  Ахизын медиабанкмæСырх Дзуар
Сырх Дзуар  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Рафыссын
Коронавирусы пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты хъысмӕт рабӕрӕг кӕныны фӕдыл координацион механизмы куыст дарддӕр цӕуы, банысан кодтой фембӕлды рӕстӕджы Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвар фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл Джиоты Мурӕт ӕмӕ адӕймаджы барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Тасойты Инал фембӕлдысты Сырх дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты хуссарирыстойнаг миссийы минӕвӕрттимӕ. 

Рӕстӕгмӕдарӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.02.2021
Сырх Дзуары миссийы сӕрдар ӕрдзырдта МХМ къухдариуӕгадимӕ ахӕстты уавӕрты фӕдыл

Ӕххӕстбарджыны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фембӕлды уынаффӕ цыд ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хъысмӕт рабӕрӕг кӕныны фӕдыл мӕгуыстадыл Сырх дзуары минӕвӕрттӕ Карина Свефельт ӕмӕ Сенем Шкульимӕ, афтӕ ма офисы сӕргълӕууӕг Кармен Эчесаретимӕ.

"Сырх дзуары минӕвӕрттӕ фехъусын кодтой сӕ рауӕрӕхгонд нывӕзттӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты тыххӕй. Фарсытӕ ӕхсызгонӕй банысан кодтой, ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты хъысмӕт рабӕрӕг кӕныны фӕдыл ӕртӕварсон координацион механизмы (кӕцы архайы Сырх дзуары эгидӕйы бын) хайадисджыты куыст кӕй фӕактивондӕр ис коронавирусы пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уый тыххӕй)", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссарирыстойнаг хицауады минӕвӕрттӕ бузныг загътой Сырх дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты минӕвӕрттӕн се 'ххуысы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0