Цхинвалы бавнӕлдтой уалдзыгон хӕрзарӕзтадон куыстытӕм

© Sputnik / Фатима Плиева Цхинвалы бавнӕлдтой уалдзыгон хӕрзарӕзтадон куыстытӕм
Цхинвалы бавнӕлдтой уалдзыгон хӕрзарӕзтадон куыстытӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Рафыссын
Коммуналон кусджытӕ ног кӕнынц газонтӕ ӕмӕ санитарон лыг кӕнынц къутӕртӕ, тагъд рӕстӕджы та райдайдзысты садзын талатӕ

ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы бавнӕлдтой столицӕйы сквертӕ ӕмӕ цъӕх зонӕты хӕрарӕзтадмӕ. Горӕты администрацийы хӕрзарӕзтад ӕмӕ зӕлдфӕлындӕны хайады ландшафтон дизайнер Пӕррӕстаты Ирина куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй куыстыты фӕлгӕтты санитарон лыг кӕнынц бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕ, афтӕ ма нывӕндынц садзын талатӕ.

Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуарды пресс-конференци  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Арӕзтады министр радзырдта, цавӕр объекттӕ араздзысты 2021 азы Хуссар Иры

"Уалдзыгон куыстытӕм ӕрӕджы бавнӕлдтам – марты кӕрӕтты. Нӕ сӕйраг куыст у ссыгъдӕг кӕнын цъӕх зонӕтӕ. Уыимӕ иумӕ, нывӕндӕм садзын талатӕ", - банысан кодта Пӕррӕстаты Ирина.

Зӕлдфӕлындӕны хайад абоны бон ӕнхъӕлмӕ кӕсы бӕрзбӕлас, тӕгӕр ӕмӕ сусхъӕды талатӕм.

"Ӕвзонг бӕлӕстӕ нывӕндӕм садзын раздӕры турбазӕйы бӕстыхайы цур скверы ӕмӕ Сталины уынгыл. Джиоты Аланы проспектыл садздзыстӕм петуньятӕ, горӕты цъӕх зонӕты та бархатцы", - банысан кодта дизайнер.

Пӕррӕстаты Ирина радзырдта, зӕлдфӕлындӕны хайады кусджытӕ арӕх скъахынц талатӕ, схос сын кӕнынц ӕмӕ сӕ ногӕй ныссадзынц горӕты.

Цхинвалы 2018 азы цъӕх зонӕты территорийыл ныссагътой 30 мин дидинӕджы ӕмӕ хӕрисы 40 талайы, 2019 азы та – 15 мин дидинӕджы. 2020 азы куыстытӕ бахъыгдардтой карантинон мадзӕлттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0