Арӕзтады министр радзырдта, цавӕр объекттӕ араздзысты 2021 азы Хуссар Иры

© Sputnik / Диана КозаеваАрӕзтады министр Зӕгъойты Эдуарды пресс-конференци
Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуарды пресс-конференци  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Рафыссын
Объектты арӕзтадӕн фӕрӕзтӕ ӕвӕрд сты ацы азӕн Инвестпрограммӕйы, йӕ реализацийӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн ӕрцыд 1.350 миллиард сомы

ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг Инвестицион программӕмӕ 2021 азы бахастӕуыд 26 мадзалы реализаци. Уыдонӕн хицӕн ӕрцыд иу миллиард ӕмӕ 350 милуан сомы, фехъусын кодта пресс-конференцийыл Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард.

Уый банысан кодта, объктты иу хай кӕй рахызт фаронӕй. Уыдон нымӕцы республикон нысаниуӕгджын фӕндаг Гуфта-Къуаиса, донуадзӕн "Уанат-Цхинвал", бирӕфатерон хӕдзӕрттӕ Цхинвалы Хъайтарты, Гуыбаты ӕфсымӕрты ӕмӕ Ирӕтты уынгтыл, афтӕ ма республикӕйы ӕртӕ районон центры. Ивгъуыд азӕй ма рахызт столицӕйы ӕртыккаг скъолайы арӕзтад дӕр.

Знауыры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2021
Знауыры райцентры Инвестпрограммӕйы фӕрӕзтӕй аразынц бирӕфатерон хӕдзар

"Ацы аз райдайдзӕн 14 ног объекты арӕзтад, се 'хсӕн Леуахийы сӕрты зӕронд хид, Къуаисайы Ленины уынджы хӕрзарӕзтад, столицӕйы авд уынджы, Мзиугомы сывӕллӕтты лагерь, Ирӕтты уынгыл дыууӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзары", - радзырдта Зӕгъойты Эдуард.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывӕзты цы 26 мадзалы ис, уыдонӕй ацы аз хъуамӕ среализаци кӕной 18, аннӕтӕ та ахиздзысты 2022 азмӕ.

Министр банысан кодта, ныридӕгӕн уал куыстытӕ кӕй райдыдтой Цхинвалы ӕртӕ уынгыл, райдыдта бирӕфатерон хӕдзары арӕзтад дӕр. Уыимӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, бюджет ӕрӕгмӕ кӕй райстой, уымӕ гӕсгӕ Инвестпрограммӕ нырма нӕ бахызт ӕмбӕлон темптӕм.

Арӕзтады министрады сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, зӕгъгӕ, уӕззау эпидемиологон уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ ивгъуыд аз реализаци ӕрцыд Инвестпрограммӕйы 92%.  Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, нуазыны доны цухдзинад аиуварс кӕныны тыххӕй кӕ райдыдтой ног донуадзӕн аразын дӕр. Уыцы мадзал дӕр кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн ацы аз ӕмӕ горӕтмӕ цӕудзӕн иу суткӕйы дӕргъы 15 мин кубометры онг нуазыны дон.

Ног хабӕртты лентӕ
0