Мӕскуыйы Хуссар Иры минӕвар Уӕрӕсейы фембӕлд "РУДН" ректоримӕ

© Посольство Южной Осетии в РоссииАдӕмон Хӕларады Уӕрӕсейы университет
Адӕмон Хӕларады Уӕрӕсейы университет - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2021
Рафыссын
Фембӕлды рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ "РУДН" ректор Олег Ястребов ӕрдзырдтой ахуырад ӕмӕ зонады фадыджы ӕмархайды фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыры фембӕлд Адӕмон Хӕларады Уӕрӕсейы университеты (РУДН) ректор Олег Ястребовимӕ.

ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой ахуырад ӕмӕ зонады фадыджы ӕмархайды перспективӕты фарстытыл. Олег Ястребов базонгӕ кодта Гасситы Знауыры университеты истори ӕмӕ архайдимӕ, афтӕ ма йӕ фӕхуыдта хайад райсын дистанцион вебинары "РУДН"-мӕ бацӕуыны фӕдыл.

Ректор загъта бузныг минӕварӕн хуссарирыстойнаг студентты тыххӕй, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц университеты ӕмӕ сын банысан кодта сӕ хорз ахуыр ӕмӕ активон хайадист алыгъуызон зонадон мадзӕлтты. Уыимӕ иумӕ Ястребов банфысӕвӕрдта, фидӕны Хуссар Ирыстонӕй студентты нымӕц кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн. Минӕвар загъта бузныг ахуыргӕнӕндоны къухдариуӕгадӕн хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ равдыста ныфс фидӕны пайдаджын ӕмгуыстадӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0