Цхинвайлаг уæззауцæф нæлгоймаг амард рынчындоны

© Fotolia / EdwardoliveДохтыр
Дохтыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Рафыссын
Цхинвалы 34-аздзыд цæрæджы уæззау цæфæй баластой республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ ивгъуыд хуыцаубоны

ЦХИНВАЛ, 20 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цхинвалы 34-аздзыд цæрæг, кæцыйæн ивгъуыд хуыцаубоны фехстой йæ сæр, амард сыхаг бæстæйы рынчындоны, йæхимæ не 'рцæугæйæ, фехъусын кодта Sputnik республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) сæйраг дохтыр Быценты Индира.

"Нæлгоймаг амард абон райсом раджы. Йæ буар ын æрбаласдзысты республикæмæ 17:30 сахатыл. Уый баласдзысты моргмæ дарддæры экспертизæйы тыххæй", - загъта уый.

Хуыцаубоны райсом столицæйы микрорайон "Царз"-ы ссардтой æвзонг нæлгоймаджы, йæ сæр уыд æхст.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2021
Цхинвалы сгарынц дыууæ адæймаджы мард æмæ ноджы иуы уæззау цæф –МХМ

Уæззау уавæры йæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Зианбаййафæг разынд Цхинвалы 34-аздзыд цæрæг. Уыцы бон нæлгоймаджы фæхæццæ кодтой сыхаг республикæмæ бæрзондæмвæзадон нейрохирургион æххуыс райсыны тыххæй.

Фæстæдæр ацы фыдракæнды зæрдæхсайгæйы мæрдон буар дæр æхстæй ссардтой цы фатеры цард, уым. Уым ма ссардтой цы сылгоймагимæ цард, уый мæрдон буар дæр.

Ацы фыдракæндты фæдыл республикæйы генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0