Цхинвалы ацӕудзӕн композитор Ӕлборты Феликсы мысӕн изӕр

© FacebookӔлборты Феликс
Ӕлборты Феликс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Рафыссын
Зынгӕ ирон композиторы цытӕн мадзал республикон бирӕпрофилон колледжы уагъд ӕрцӕудзӕн майрӕмбоны

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы бирӕпрофилон колледжы ӕрымысдзысты номдзыд ирон композитор, дирижер, фольклорист ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Ӕлборты Феликсы ном, фехъусын кодта Sputnik уагдоны директор Козаты Лира.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзал ацӕудзӕн колледжы майрӕмбоны, 13:00 сахатыл.

"Феликс Шалвайы фырт махӕй алкӕмӕн дӕр тынг ӕввахс у. Уый у нӕ адӕмы гениалон минӕвар ӕмӕ мах фӕнды ӕрымысын уыцы стыр адӕймаджы, йе сфӕлдыстады", - загъта уый.

Козаты Лира банысан кодта, Ӕлборты Феликсӕн Хуссар Ирыстоны кӕй ис ӕввахс хӕстӕджытӕ ӕмӕ бирӕ хӕлӕрттӕ, кӕцытӕ хуынд ӕрцӕудзысты мысӕн изӕрмӕ.

"Уыдзӕн тынг хъарм изӕр, ӕрӕмбырдуӕвджытӕ дзурдзысты сӕ мысинӕгтӕ гениалон композиторы тыххӕй. Мах ма фӕхондзыстӕм нӕ колледжы студентты дӕр, цӕмӕй ӕввахсдӕр базонгӕ уой йе сфӕлдыстадимӕ", - бафтыдта ахуырадон уагдоны директор.

Цхинвалы ацæудзæн симфонион оркестры концерттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2020
Цхинвалы ацæудзæн симфонион оркестры концерттæ

Мадзалы уазджыты размӕ рахӕсдзысты видеоӕрмӕджытӕ ӕмӕ Феликс Шалвайы фырты уацмыстӕ.

Ӕлборты Феликсзындгонд у куыд Хуссар Ирыстоны Кады зарӕджы музыкӕйы автор, бирӕнымӕц классикон уацмысты ӕмӕ кинофильмтӕм музыкӕйы автор. У Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны, афтӕ ма Гуырдзыстоны аивӕдты сгуыхт кусӕг, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Уӕрӕсейы композиторты цӕдисы уӕнг. Йӕ ном айхъуыст, кинофильмтӕ "Ах, любовь", "Во всем виновата Залина", опера "Фатима" ӕмӕ ӕндӕртӕм цы музыкӕ ныффыста, уыдонӕй.

Номдзыд композитор йӕ цардӕй ахицӕн 2005 азы 28 июны Дзӕуджыхъӕуы, уым ӕй бавӕрдтой Кады Алейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0