Цхинвалы азы кӕронмӕ сараздзысты дыууӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары

© Sputnik / Азамат КулумбеговХъайтарты уынгыл хӕдзар
Хъайтарты уынгыл хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Рафыссын
Цӕрӕн бӕстыхӕйттӕ арӕзт цӕуынц Хъайтарты ӕмӕ Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл, арӕзтад уагъд цӕуы 2020-2022 азты Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацы азы кӕронмӕ фӕуыдзысты дыууӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары арӕзтад. Хӕдзӕрттӕй иу аразынц Хъайтарты уынджы кӕрон, раздӕры 118-ӕм хӕдзары бынаты, кӕцы бахъыгдард ис 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы.

Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуарды пресс-конференци  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Арӕзтады министр радзырдта, цавӕр объекттӕ араздзысты 2021 азы Хуссар Иры

Хӕдзары ныридӕгӕн сарӕзтой агъуыст, сӕвӕрдтой стеклопакеттӕ. Ӕмрӕстӕджы кусджытӕ ӕххӕст кӕнынц мидӕггагон куыстытӕ дӕр, фӕуд кӕнынц инженерон хызӕгты ӕмӕ хъармгӕнӕн системӕйы монтаж. Арӕзтады хайады хистӕр Мӕргъиты Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, объектыл кусынц 45 адӕймаджы онг.

"Ацы бонты бавналдзыстӕм кӕрты хӕрзарӕзтадмӕ. Арӕзтадон-монтажон куыстытӕ ӕххӕст кӕнӕм ӕмгъуыдӕй раздӕр. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ хӕдзары арӕзтад фӕуыдзӕн октябрмӕ, фӕлӕ йӕ гӕнӕн ис раздӕр фӕуӕм", - загъта Мӕргъиты Георгий.

Ног хӕдзары дӕр уыдзӕн 60 фатеры, фӕлӕ уыдонӕн сӕ фӕзуат фылдӕр уыдзӕн. Кӕрты сараздзысты сывӕллӕтты хъазӕн фӕзуат, бандӕттӕ, хӕдтулгӕты лӕууӕн.

© Sputnik / Азамат КулумбеговГуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл хӕдзар
Цхинвалы азы кӕронмӕ сараздзысты дыууӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл хӕдзар

Ноджы ма иу фондзуӕладзыгон хӕдзар азы кӕронмӕ сараздзысты Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл. Ацы хӕдзары та уыдзӕн 75 фатеры.

"Азы кӕронмӕ хӕдзар бацӕттӕ кӕндзыстӕм цӕрджыты ӕрбацыдмӕ. Бафӕлвардзыстӕм сӕххӕст кӕнын куыстытӕ иууылдӕр нывӕзтгонд ӕмгъуыдмӕ", - загъта Sputnik арӕзтадон хайады мастер Тадтаты Сослан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ куыстыты архайынц 50 адӕймаджы онг. Аразджытӕн проблемӕтӕ нӕй финанстӕ ӕмӕ ӕрмӕджыты ӕрбаластимӕ.

Цхинвалы фидӕн азмӕ сараздзысты ноджы цалдӕр бирӕуӕладзыгон хӕдзары. Уыдонӕй иу арӕзт цӕуы Ирӕтты уынгыл, раздӕры трикотажон фабрикӕйы фӕзуатыл. Арӕзтады министры хӕдивӕг Гаглойты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕдзар ратдзысты эксплуатацимӕ 2022 азы райдайӕны.

"Арӕзтад цӕуы хорз темпты, гӕнӕн ис ӕй фӕуӕм ацы аз, фӕлӕ хӕдзар эксплуатацимӕ ратдзыстӕм фидӕн азы райдайӕны", - загъта Гаглойты Сергей.

Социалон цӕрӕнуаты арӕзтад цӕуы 2020-2022 азты Инвестицион программӕйы фӕлгӕтты. Иунӕг генералон нардуатисӕг у фирмӕ "СТМ-ЮГ".

Ног хабӕртты лентӕ
0