Эпосы парад, чингуытӕ ӕмӕ конкурстӕ: куыд арвитдзысты Хуссар Иры Нарты кадджыты аз

© Картина художника Махарбека ТугановаДзерассӕ
Дзерассӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.04.2021
Рафыссын
Нарты кадджыты азы фӕлгӕтты республикӕйы цӕудзысты цымыдисон мадзӕлттӕ - хъазтытӕ, парадтӕ, равдысттӕ, ахуыргӕнӕн уагдӕтты сӕрмагонд уроктӕ

ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2021 аз культурӕйы фадыджы расидтысты Нарты кадджыты азӕй. Республикӕйы Культурӕйы министрады разамонӕг Зассеты Жаннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы ӕмгъуыд столицӕ ӕмӕ ӕппӕтреспубликон ӕмвӕзадыл цӕудзысты мадзӕлттӕ, срӕвдз кӕндзысты чингуыты рауагъдад, рӕзгӕ фӕлтӕрты хсӕн популярон кӕндзысты эпос, сӕвӕрдзысты цыртытӕ, ахуыр кӕндзысты Нарты философи ӕмӕ сӕ бынтӕ. Столицӕ ӕрфысым кӕндзӕн эпосы хъайтарты ӕмӕ сӕ ӕрсимын кӕндзӕн ирон хъазты.

Нарты кадджытӕ алкӕцы бинонтӕн дӕр

Нарты кадджыты азы мадзӕлтты фӕлгӕтты мыхуыр ӕрцӕудзысты кадджытӕ ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл. Зассеты Жанна банысан кодта, Ирыстоны алкӕцы хӕдзары дӕр кӕй хъуамӕ уа ацы чиныг.

"Советон рӕстӕджы ӕз куыстон Дзауы районы скъолайы ӕмӕ зыдтон, уым алкӕцы хӕдзары дӕр кӕй уыдысты кадджытӕ, уыд сын хъӕздыг библиотекӕтӕ. Хуссар Ирыстон уыд иууыл кӕсагдӕр бӕстӕ", - радзырдта министр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууӕ рауагъд сфӕлынддзысты зындгонд ирон нывгӕнджыты куыстытӕй.

Нарт Сырдон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2021
Хуссар Иры культурæйы фадыджы расидтысты Нарты кадджыты азæй

"Уырыссаг рауагъды уыдзӕн Тугъанты Махарбеджы иллюстрацитӕ, ирон чиныджы та срӕсугъд кӕндзыстӕм Дзанайты Азанбеджы куыстытӕй. Ацы фадыджы мах стӕм хъӕздыг ӕмӕ ацы бынтӕй алкӕцы хӕдзар дӕр хъуамӕ уа хайджын", - загъта уый.

Министр ма бафтыдта, Нарты кадджыты азы официалон бакоднмӕ чингуытӕ кӕй уыдзысты цӕттӕ.

Уыимӕ иумӕ ма Зассеты Жанна радзырдта, "Стайы цармдарӕг" ӕмӕ "Ӕгъуызы кадӕг" дӕр ногӕй кӕй фӕнд кӕнынц ныммыхуыр кӕнын.

"Бирӕ адӕм агурынц ацы чингуытӕ ӕмӕ уыдон дӕр бахастам рауагъдадон нывӕзтмӕ", - бафтыдта уый.

Нарты кадджытӕ уӕрӕх экранмӕ

Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны культурӕйы сферӕйы уагдӕттӕ иумӕ кусынц, цӕмӕй Нарты кадджыты сюжеттӕй саразой видеотӕ.

Нарты эпос  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2020
Белграды мыхуыры рацыд Нарты эпос сербаг ӕвзагыл

"Нӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕтимӕ кусӕм, цӕмӕй бацӕттӕ кӕнӕм видеоӕрмӕджытӕ кадджыты фӕдыл Тугъанты Махарбеджы ӕмӕ Дзанайты Азанбеджы иллюстрацитӕм ӕмӕ нырыккон нывгӕнджыты сфӕлдыстадмӕ гӕсгӕ. Текст хъуамӕ кӕсой куыд паддзахадон драмон театры артисттӕ, афтӕ хуымӕтӕг адӕм дӕр, кӕцытӕ арӕхсынц аив дзырдмӕ", - загъта Зассеты Жанна.

Нарты кадджыты хъайтарты парад

Азы дӕргъы нывӕзтгонд мадзӕлтты хсӕн иууыл фенддагдӕр суыдзӕн Нарты кадджыты хъайтарты парад Цхинвалы уынгтыл.

"Мах фӕнды, цӕмӕй кӕд иууыл нӕ, уӕддӕр эпосы зындгонддӕр хъайтарты костюмтӕ бахуыйӕм ӕмӕ сӕ рацӕуын кӕнӕм парады. Иу дӕсны хуыйӕг ссардтам. Парад хъуамӕ балхынцъ уа ирон хъазтӕй Нарты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ", - загъта министр.

Организаторты фӕндмӕ гӕсгӕ, рагон ирон бӕрӕгбоны рӕстӕджы Цхинвалы хъуамӕ айзӕла Нарты Ацӕмӕзы уадындзы уынӕр.

"Кусынц, цӕмӕй ссарой, цы аив зӕлтӕ цагъта Нарты Ацӕмӕз, уыцы музыкӕ хъуамӕ уа хъазты. Мадзал бацӕттӕ кӕнынмӕ фӕхуыдтам историкты дӕр. Кӕд бахъӕуа, уӕд аз адарддӕр кӕндзыстӕм, фӕлӕ мадзал хъуамӕ уа нывыл", - бафиппайдта Жанна Виссарионы чызг.

Конкурс "Куыд зонӕм нарты таурӕгътӕ"

Нарт Сырдон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.09.2018
Цӕгат Иры сисдзысты киноныв Нарты кадджыты тыххӕй

Культурӕйы министрады фӕндмӕ гӕсгӕ, Нарты кадджыты ӕрмӕг зоныны хи сфӕлварын хъуамӕ суа ӕппӕтреспубликон фӕлварӕн. Ныридӕгӕн цӕттӕ цӕуынц фарстытӕ, фӕлӕ конкурсы формат нырма фидарӕй бӕлвырд нӕу.

"Хорз призтӕ уыдзӕн уӕлахиздзаутӕн, фӕлӕ уый сӕйраг нӕу. Конкурс алы хъӕуы дӕр цӕудзӕн хицӕнӕй", - бафтыдта уагдоны сӕргълӕууӕг.

Нарты хъайтарты цыртытӕ

Зассеты Жаннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, министрад йӕ нывӕзты хатгай ӕнцой кӕны ӕмбӕстӕгты уынаффӕтыл дӕр.

"Мӕ хӕлӕрттӕ мын газет "Республикӕ"-йӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй горӕты сӕвӕрӕм Нарты кадджыты хъайтары скульптурӕтӕ. Цас нын нын дзы бантыса, уый бӕрц дзы сӕвӕрдзыстӕм. Ацы къуыри ӕрӕмбырд кӕндзыстӕм хъӕдӕрмӕджы ӕрмдӕсныты ӕмӕ семӕ ныхас кӕндзыстӕм", - бафтыдта ныхасӕмбал.

Нарты азы фӕлгӕтты ма ацӕудзӕн тымбыл фынгты цикл, кӕцытӕ нывонд уыдзысты Джордж Дюмезилӕн, Нарты кадджытӕн ӕмӕ историйӕн.

Презентация книги Нартский эпос - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.11.2016
Нарты кадджытӕ рацыдысты англисаг æвзагыл

Мадзӕлтты нымӕцы ма ис лекциты сери Нарты тыххӕй. Ныридӕгӕн цӕттӕ цӕуы лекторты къорд. Стӕй ма Ахуырады министрадӕн банхъардзысты, цӕмӕй факультативты хуызы цӕуой скъолаты ӕмӕ ахуыргӕнӕндӕтты дӕр.

Равдыст

Нарты эпосы мотивтӕм гӕсгӕ фыст нывты равдыст ацӕудзӕн Цхинвалы. Экспозицийы организатортӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты канд бынӕттон нывгӕнджыты куыстытӕ нӕ, фӕлӕ ма Цӕгат Ирыстоны нывгӕнджыты сфӕлдыстад дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0