Нарты кадджытӕ рацыдысты англисаг æвзагыл

© Sputnik / фатима ПлиеваПрезентация книги "Нартский эпос"
Презентация книги Нартский эпос - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нарты кадджыты англисаг ӕвзагыл рауадзыныл ирзонады минæвæрттæ архайдтой 1990 азтæй фæстæмæ æмæ нырмӕ сæ къухы не ‘фтыд.

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕппӕт дунейы зындгонд ирон адӕмы эпос — Нарты кадджыты æххæст æмбырдгонд фыццаг хатт рацыд англисаг ӕвзагыл. Чиныгӕн дыццӕджы презентаци ауагътой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты. 

Рауагъд мыхуыр æрцыд АИШы Принстоны университеты. Чиныгмӕ бахастӕуыд Нарты таурӕгътӕ иууылдӕр, кæцыты йӕ рӕстӕджы англисаг æвзагмæ уырыссагæй раивта зынгӕ америкӕйаг поэт æмæ тæлмацгæнæг Уолтер Мэй.

ныв Нарты цӕл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тугъанты Махарбеджы музей смӕсты ныв "Нарты цӕл"-ы равдыст КБР-йы тыххӕй алӕвӕрды

Нарты кадджыты англисаг ӕвзагыл рауадзыныл ирзонады минæвæрттæ архайдтой 1990 азæй фæстæмæ æмæ нырмӕ сæ къухы не ‘фтыд. Уый агъоммæ Принстоны унверситеты рухсмæ фæзынд Нарты кадджыты абхазаг ӕмӕ адыгъӕйаг варианттӕ ӕмӕ университеты къухдариуӕгад уыдон банымадта ӕгъгъӕдыл. Фӕлӕ ныр сӕ ахаст фӕивтой ацы хабармӕ ӕмӕ рауагътой таурӕгъты ӕххӕст ӕмбырдгонд.

Чиныгæн рецензи ныффыста доцент, ХИПУ ирон æвзаг æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрӕйы гӕс Дзиццойты Юрий. Йӕ раныхасы уый банысан кодта, ацы чиныджы фӕзынд кӕй фӕахъаз уыдзӕн, цӕмӕй Нарты кадджытимӕ базонгӕ уой ӕппӕт дунейы дӕр.

"Чемпионтæ æмæ хъайтартæй дарддæр ма Ирыстон зындгонд у монон æмæ удварнон хæзнатæй дæр. Ӕмӕ уыдонимæ хъуамæ зонгæ кæной фæсарæнты цӕрджытӕ дæр. Нарты эпос тæлмац æрцыд немцаг, французаг, италиаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæм, фæлæ ахæм æххæст æмбырдæй никуыма рацыд", — радзырдта Дзиццойты Юрий.

© Фатима ПлиеваНарты кадджыты презентаци ХИПУйы
Презентация книги Нартский эпос - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нарты кадджыты презентаци ХИПУйы

Ӕмбырдгонд рауадзынмӕ ма стыр хайбавӕрд бахаста æндæр ирон ахуыргонд, Цӕгат Ирыстоны истори ӕмӕ археологийы институты хистӕр зонадон кусӕг Сæлбиты Тамерлан дæр. Ирон ахуыргонд баххæст кодта тексттӕ ӕмӕ аиуварс кодта дывæр тæлмацы рæстæджы цы згъуыдтытæ æрцыд, уыдон.

"Чиныг англисаг æвзагмæ ивд цыд уырыссагæй, уымæ гæсгæ дзы дыууæ хатты тæлмацы рæстæджы ауагъдæуыд бирӕ рæдыдтытæ. Фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уый у стыр къахдзӕф размӕ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, чиныг 20 азы ӕнхъӕлмӕ кӕсыны фӕстӕ кӕй рацыд Америкӕйы, ууыл бандæвдта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нымад кæй ӕрцыд, уый дæр", — радзырдта Сæлбиты Тамерлан.

ХИПУ ректоры æххуысгæнæг, доцент Остъаты Джульетта та банысан кодта, ацы ӕмбырдгонд ирдӕй кæй бæлвырд кæны Нарты эпосы индоевропæйаг-ирайнаг-алайнаг уидӕгтӕ.

Цӕгат Иры бафӕлвӕрдтой рагон нӕртон нозт "ронг" саразын

"Афтæ зæгъæн нæй, æмæ фӕсарӕнты алы хуымӕтӕг цӕрӕг дӕр ацы чиныг кӕй балхӕндзӕн ӕмӕ бакӕсдзӕн, фæлæ Кавказы культурæ кӕй цымыдис кӕны, уыдон æм ӕнӕмӕнг сæ хъусдард аздахдзысты. Сæйраг та у уый, ӕмӕ чиныг кӕй бæлвырд кæны эпосы алайнаг-ирайнаг уидӕгтӕ, уый та у аккаг дзуапп ӕппӕт уыцы адӕмтӕн, кӕцытӕ Нарты эпос хонынц сӕхи", — бахахх кодта Остъаты Джульетта.

Нысаниуæгджын у уыцы цау, ӕмӕ ацы чиныг кӕй рацыд Нарты кадджыты фыццаг рауагъды 70 азы юбилеймæ. Фыццаг уый мыхуыр æрцыд 1946 æзы æмæ ссис ирон адæмæн иууыл стырдӕр лæвар.

Ӕмбырдгондыл куыстой ирон зонады номдзыд ахуыргæндтæ — иллюстрацитæ сарӕзта Тугъанты Махарбег, зонадон редактор уыд Абайты Уасо, литературон редакцийыл та бакуыста Дзанайты Иван. Уыцы экземпляртæй ма ныридæгæн ссарæн ис ӕрмӕстдӕр сæрмагонд коллекциты æмæ чиныгдæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0