Хуссар Иры президент бахæс кодта рæстæгыл раттын мызд адæмæн

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2021
Рафыссын
Республикæйы финансты министр бон раздæр фехъусын кодта, апрелы мызд бюджетон кусджытæ кæй райсдзысты æрмæстдæр дæргъвæтин улæфт бонты фæстæ - 10 маййæ фæстæмæ

ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта республикæйы финансты министрадæн рæстæгыл раттын мызд дæргъвæтин улæфт бонтæм æнæкæсгæйæ, фехъусын кодта дыццæджы бæстæйы сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина. 

Бибылты Анатолий фехъусын кодта, майы бӕрӕгбонты хсӕн кӕй уыдзӕн ӕнӕкусӕгон бонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2021
Бибылты Анатолий фехъусын кодта майы ӕнӕкусӕгон бонты тыххӕй

"Бюджетон къабазы кусджытæн мызд ратдзысты 3 маййæ фæстæмæ, кæд улæфт бонтæ уыдзысты, уæддæр", - бахахх кодта Гасситы Дина.

Уый ма бафтыдта, президенты барамынд мыхуыр кæй æрцæудзæн æввахс бонты.

Республикæйы финансты министр Хæбæлаты Аза бон раздæр фехъусын кодта Sputnik, апрелы мызд бюджетон кусджытæ кæй райсдзысты æрмæстдæр дæргъвæтин улæфт бонты фæстæ - 10 маййæ фæстæмæ.

Къуырисæры Бибылты Анатолий бафыста барамынд майы улæфт бонты фæдыл - æнæкусгæ бонтыл нымад æрцыдысты 1-æй 10-æм маймæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0