Хуссар Иры ӕрсиддонтӕ бавнӕлдтой службӕмӕ адаптацийы фыццаг этапмӕ

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры ӕрсиддонтӕ бавнӕлдтой службӕмӕ адаптацийы фыццаг этапмӕ
Хуссар Иры ӕрсиддонтӕ бавнӕлдтой службӕмӕ адаптацийы фыццаг этапмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Рафыссын
Ӕрсиддонтӕ цӕуынц райдайӕн ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынад хъахъхъӕнынадон уагдоны ахуырадон центры

ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны дарддӕр цӕуы уалдзыгон ӕрсидт ӕфсӕддон службӕмӕ. Республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй "Ӕвзонг хӕцӕджы курс" рацӕуыны тыххӕй ӕрсиддонты арвыстой хъахъхъӕнынадон уагдоны ахуырадон центрмӕ.

АрМИ-2020 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад: "АрМИ-2021"-мӕ ацӕудзысты иууыл хуыздӕртӕ

Офицерты къухдариуӕгады бын ӕрсиддонтӕ цӕуынц ӕфсӕддон службӕмӕ адаптацийы фыццаг этап.

"Ахуырты нывӕзтмӕ гӕсгӕ ӕвзонг фӕлтӕримӕ уагъд цӕуынц теоретикон ӕмӕ практикон ахуыртӕ алыгъуызон ӕфсӕддон дисциплинӕтӕй. Сӕйраг хъусдард здӕхт уыдзӕн ӕфсӕддонты индивидуалон цӕттӕкӕнынадмӕ", - банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.

Рӕвдзытӕм иудадзыг йӕ хъус дары Хуссар Ирыстоны ӕфсады къухдариуӕгад, бафтыдтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0