Ирон боксер Хуыгаты Алан радзырдта, кӕд рахиздзӕн рингмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуыгаты Алан
Хуыгаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Рафыссын
Спортсмен сӕрды дӕргъы ӕртӕ хатт рахиздзӕн рингмӕ. Йӕ тохтӕй иу ауадздзӕн Мӕскуыйы Сырх Фӕзуатыл – Гасситы Мурӕты тохы программӕйы

ЦХИНВАЛ, 4 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон профессионалон боксер Хуыгаты Алан сӕрды дӕргъы ауадздзӕн ӕртӕ тохы, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта спортсмен йӕхӕдӕг.

Хуссар Иры Боксы скъолайы командӕ рамбылдта Санахъоты Геннадийы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2021
Хуссар Иры Боксы скъолайы командӕ рамбылдта Санахъоты Геннадийы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир

"Тох ауадздзӕн 11 июны Мӕскуыйы, уый фӕстӕ Сырх Фӕзуатыл – 22 июлы, цы ран сӕйраг тохы архайдзӕн Гасситы Мурӕт. Афтӕ ма мын уыдзӕн иу тох августы", - загъта Хуыгаты Алан.

Боксеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохты хсӕн цъус рӕстӕг кӕй уыдзӕн, уый проблемӕ нӕу.

"Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц бӕрзонд ӕмвӕзадыл. Ныхмӕлӕуджытӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, тохтӕм цӕттӕ дӕн", - бахахх кодта спортсмен.

Алан архайы 63 килограммы уӕзы категорийы. Боксер ис 20-ӕм бынатыл Уӕрӕсейы Боксы федерацийы рейтингы йӕхи уӕзы категорийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0