Хуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ

© Пресс-служба Ленингорского районаХуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ
Хуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Рафыссын
Ленингоры районы разамонӕг Гулиты Владимир банысан кодта, районы цӕрджытӕн арӕзт кӕй цӕудзӕн цӕрынӕн ӕмбӕлон уавӕртӕ

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цалцӕг цӕуынц хъӕууон фӕндӕгтӕ, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Кокойты Анжела.

Аразджыты хъусдарды бын сты Тыджыты хъӕу, Раздӕхӕн, Уӕллаг Захъхъор, Ларгвис, Делкан ӕмӕ ӕндӕр хъӕутӕм фӕндӕгтӕ.

"Районы ЦКХ кусджытӕ архайынц Тыджыты хъӕу ӕмӕ Раздӕхӕны хсӕн фӕндаг сраст кӕнын ӕмӕ рауӕрӕх кӕнын. Йӕ дӕргъ у 13 км, фӕфӕтӕн ӕй кӕндзысты дыууӕ метры бӕрц", - хъусын кӕны пресс-службӕ районы ЦКХ хистӕры хӕдивӕг Битарты Мамукайы ныхӕстӕ.

Ӕмрӕстӕджы ма ӕмбӕлон уагмӕ кӕнынц районы центрӕй Уӕллаг Захъхъормӕ фӕндаг.

© Пресс-служба Ленингорского районаХуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ
Хуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Хуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ

"Фӕндаг ӕнцонвадат скӕнынӕй дарддӕр ма дзы цалцӕг цӕуы хид дӕр, кӕцы-иу донивылдтӕ рахастой", - дзуры Битарты Мамука.

Сӕрды райдайӕнӕй фӕстӕмӕ  аразджыты хъусдарды бын сты Ленингоры посёлокӕй Ларгвис ӕмӕ Раздӕхӕны 'рдӕм фӕндӕгтӕ.

Ленингоры районы разамонӕг Гулиты Владимир банысан кодта, районы цӕрджытӕн арӕзт кӕй цӕудзӕн цӕрынӕн ӕмбӕлон уавӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0