Хуссар Иры парламент сфидар кодта ЦӔК ног сконд

© Sputnik / Михаил ХасиевХуссар Иры ЦӔК
Хуссар Иры ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Рафыссын
ЦӔК ног скондмӕ бахызтысты фӕйнӕ авд минӕвары президент ӕмӕ парламентӕй

ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Козаты Диана. Парламенты депутаттӕ сфидар кодтой Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) ног сконд.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Хуссар Иры парламент снысан кодта Централон ӕвзарӕн къамисы ног сӕргълӕууӕджы

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий снысан кодта йӕ минӕвӕртты Централон ӕвзарӕн къамисмӕ. ЦӔК ныры сконды ӕмгъуыд фӕуд кӕны 16 августы.

ЦӔК ног скондмӕ парламентӕй бахызтысты авд минӕвары: Адӕмон партийӕ – Пухаты Алан, "Адӕмы Иудзинадӕй" – Пӕррӕстаты Артур, "Иугонд Ирыстонӕй" – Годжысаты Гултамзе ӕмӕ Джиоты Фатимӕ, "Ныхас" партийӕ Гаглойты Николай, рӕстдзинады фӕдыл депутатон иугондӕй – Кокойты Тимур, Компартийӕ – Дудайты Альберт.

Амӕйразмӕ куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй президентӕй къамисы скондмӕ бахызтысты: Аулохты Кристина, Бестауты Тамаз, Уалыты Рауль, Карсанты Хъазбег, Остъаты Дина, Цхуырбаты Марина ӕмӕ Цоциты Игорь.

ЦӔК сӕргълӕууӕг ссис Гӕджиты Эмилийы, йӕ кандидатурӕ пардаментмӕ бавдыста президент июлы.

Законмӕ гӕсгӕ, ЦӔК хъуамӕ ауадза фыццаг рабадт йӕ арӕзтадӕй дӕс боны фӕстӕ. Ацы рабадтыл хъуамӕ снысан кӕной сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг ӕмӕ секретары.

Ног хабӕртты лентӕ
0