Хуссар Иры байгом уыдзӕн фӕлтӕхӕг маргъыл цуаны сезон

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЦуан
Цуан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны иу къуырийы фӕстӕ райдайдзӕн цуаны сӕрдыгон-фӕззыгон сезон, фехъусын кодтой республикӕйы геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты

ЦХИНВАЛ, 9 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Августы ӕмбисты райдайдзӕн цуаны сезон фӕлтӕхӕг маргъыл, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты дӕлхайады хистӕр Гӕззаты Юрий.

Тугдзыхты куынӕггӕнджытӕн лӕвӕрд цӕуыдзысты цуанӕн лицензитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.01.2021
Тугдзых сырдты куынӕггӕнджытӕн лӕвӕрд цӕудзысты цуанон лицензитӕ

"Ныртӕккӕ цуаны сезон бакӕнын раст нӕ уыдзӕн. Мах райдзыстӕм цуаны сезон ӕрмӕстдӕр фӕлтӕхӕг маргъыл. Фӕстӕдӕр бакӕндзыстӕм сезон бабызыл дӕр. Ацы мӕйы ӕмбис у иууыл хуыздӕр вариант сезон бакӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ сентябры райдайы маргъы атахт", - загъта уый.

Агентады ныхасӕмбал банысан кодта, тобӕ кӕй ис нырма дӕр кӕсаглас, хъаз, зырнӕг ӕмӕ сырх чиныгӕй ӕндӕр маргътыл цуан кӕныныл.

Сырдтыл цуан, Гӕззаты Юрийы информацимӕ гӕсгӕ, райдайдзӕн ноябры – фӕззыгон-зымӕгон сезоны рӕстӕджы.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цуан кӕнын фадат уыдзӕн ӕрмӕстдӕр ӕмбӕлон лицензиимӕ", - бахахх кодта дӕлхайады хистӕр.

Тугдзых сырдтыл цуан кӕныны тыххӕй уый банысан кодта, цуанонтӕн кӕй ис уыдон ӕхсыны бар ӕрвылаз.

"Ныртӕккӕ мах кусӕм хъӕддаг сырдты ӕрра низы профилактикӕйы фӕдыл программӕйы арӕзтадыл. Аналогион программӕ нӕм уыд раздӕр дӕр. Ног программӕйы фӕлгӕтты рахицӕн кӕндзысты фӕрӕзтӕ тыгдзых сырдтӕ ӕхсынӕн", - загъта Гӕззаты Юрий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны уагдон ныммыхуыр кӕндзӕн ДИФ-ты хъусинаг лӕмбынӕг инструкцитимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0